АИШ-ы Сенаты æддæ ахастыты комитет - Кæрон скæнын хъæуы, Уæрæсейы æрдгæй йæ сыхаг бæстæты территориты оккупаци
АИШ-ы Сенаты æддæ ахастыты комитет августы хæсты фæдыл фыссы «Твиттеры».
Публикацигонд фидиуæны куыд дзырдæуы афтæмæй, АИШ зæгъгæ бæлвырд кæны йæ фарсхæцынад Гуырдзыстонæн.
«14 азы размæ Уæрæсе райдыдта Гуырдзыстонмæ бырст, агрессийы æнæзаконон акт, суверенон бæстæйы ныхмæ. Абон та, ноджы иу хатт бæлвырд æвдисæм нæ фарсхæцын Гуырдзыстонæн. Абхаз æмæ Хуссар Ирыстон сты Гуырдзыстоны территоритæ. Кæрон скæнын хъæуы, Уæрæсейы æрдгæй йæ сыхаг бæстæты территориты оккупаци» – дзырдæуы фидиуæны.