АИШ-ы президенты уынаффæгæнæг – Мæт кæнæм Ника Мелиайы æрцахсты тыххæй
Националон æдасдзинады фарстæты АИШ-ы президенты уынаффæгæнæг Джейк Саливан Гуырдзыстоны айтынггонд фæзындты фæдыл фыссы «Твиттеры» æмæ фарсытæм сиды, гуырдзиаг демократи фервзæны кæнынæн бадзырдты фынгмæ æрыздæхынмæ.
«Паддзахадон департаменты пресс-спикер куыд загъта афтæмæй, тынг мæты æфтыд стæм Ника Мелиайы æрцахсты тыххæй æмæ алы фарсмæ дæр сидæм, сæхи аиуварс кæнæт эскалацийæ, æрыздæхæт бадзырдты процессмæ гуырдзиаг демократийæн баххуыс кæнынæн», – фыссы АИШ-ы президент Джо Байдены уынаффæгæнæг.