АИШ-ы  президенты  администрацийы хъусынк æнынц, цæмæй  цæттæ сты Уæрæсеимæ, Украинайы  фæдыл  бадзырдты    æмæ  æфсæддон  ахуыртæ арæн скæныны фарста æркæсынмæ
АИШ-ы президенты администрацийы хъусынк æнынц, цæмæй цæттæ сты Уæрæсеимæ, Украинайы фæдыл бадзырдты æмæ æфсæддон ахуыртæ арæн скæныны фарста æркæсынмæ

АИШ æмæ  йæ  æмцæдисонтæ  цæттæ сты, Уæрæсеимæ, Украинайы  фæдыл  бадзырдты  фарста æркæсынмæ, афтæма  уый  цæмæй   алкæцы фарс  арæн скæна æфсæддон ахуыртæ  æмæ  регионы  ракетæты равæрды  гæнæн.  «Ройтеры2 хъусинагæй  уый фæдыл   АИШ-ы  президенты  администрацийы  бæрзонд гæс   райхъусын кодта.

Америкаг  бæрзонд гæсы  информацийæ,  къуырисæры  Женевæйы  плангонд  скуыддзаггæнæг  бадзырдтыл  Вашингтоны Кремлимæ  ныхасы рæстæджы   иурæстæгонæй  нæ фæнды  æркæсын  АИШ-ы  æфсæдды  дислокаци, кæнæ  йæ   тыхты  позицитыл  арæнæвæрдтæ  регионы  уæвæг  НАТО-ы бæстæты.

«Фарстайы цыфæнды каст уыцы  сферæтыл, кæцыты  дæр  бахъом уыдзыстæм прогрессмæ  æрцæуын, хъуамæ  уа   дыууæфарсон.  Дыууæдæр фарс хъуамæ   йæхимæ райсæт  ахæм хæс» –  райхъусын кодта  АИШ-ы администрацийы  минæвар.