АИШ-ы минæварад - Майк Помпео æмæ Илья Дыккаг фæуынаффæ кодтой дунейы религийы сæрибардзинадæн фарсхæцыны æрдгæй Гуырдзыстоны нысаниуæгыджн ролы фæдыл [видео]
Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварад Æппæт Гуырдызстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккагы æмæ АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Мйак Помпеойы фембæлды фæдыл информаци хуъсын кæны.
«Паддзахадон нымæрдар Майк Помпео стыр цинæй фембæлд Гуырдзыстоны рæстдинон аргъуаны Патриарх Илья Дыккагимæ. Фембæлдыл падзахадон нымæрадр æмæ Патриарх фæуынафæ кодтой Гуырдзыстоны нысаниуæгджын ролы фæдыл Дунейы религийы сæрибардзинады æрдгæй» – дзырдæуы Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварады информацийы.
Иля Дыккагы æмæ Майк Помпеойы фембæлд ацыд Гуырдзыстоны Патриархийы.
АИШ-ы паддзахадон нымæдар Майк Помпео абон сæумæрайсомæй фембæлд Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилиимæ. Фæстæдæр та, Майк Помпеойы фембæлд Гиорги Гахариа æмæ Давит Залкалианиимæ ацыд хицауады администрацийы. Майк Помпео афтæдæр фембæлдзæн æмбæстагон æхсæнады минæвæрттимæ.
Майк Помпео Гуырдзыстонмæ дыууæбонон визитæй знон æрцыд. АИШ-ы паддзахадон нымæрдары визит Гуырдзыстонмæ, абон фæуыдзæн æмæ Уый фæстæ араст уыдзæн Израилмæ.