Хæдуынаффæйы æвзæрстытæ æмæ Гуырдзыстоны политикон хъаугъа расайæг арф кризисæй бæрæг ссис, цæмæй нырма бирæ кусын хъæуы куыд гæнгæн ис афтæ рæхджы – уый фæдыл дзырдæуы Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварады фидиуæны.
«Разы стæм ODIHR-ы аргълæвæрдимæ, ома æмтгæй райсгæйæ æвзæрстытæ уыд сабыр æмæ дзæбæх организацигонд, фæлæ зылынгæнæнтæ, æвзæстгæнджыты тасы бафтауыны æмæ сæм хъомыс дарыны тыххæй нрыма дæр ис æмæ дæргъвæтин поляризаци, кæцыимæ ма фемдзыди æппæрццаг риторикæйы фæкарз, процессыл æппæрццагæй фæзындис. Ресурсты рахатинаг дырыс дисбаланс æмæ хицауады уæвгæйæ æфтгæ æнæмбæлон уæлидзинад, æвзæрстыты ерысы ауæлттæ фæивдтой. ODIHR афтæдæр разагъта хъыгдзинад уыцы дæргъвæтин практикæйы тыххæй, цæстдарæг организациты минæвæрттæ куы архайдтой, куыд партийы фарсхæцджытæ æмæ хаттæй-хатт куылымпы кодтой процесс, афтæма хицæн адæймæгты къордтæ куылмпы кодтой хъæлæскæныны процесс фадгуыты æддæйæ, æнхъæлцау, уæлæндæвд кодтой æвзæрстгæнджытыл. Нæкæсгæ ODIHR-ы хатдзæгмæ, ома цекнтралон æвзæрстгæнæн комисси дыккаг тур професисоналонæй æмæ æргомæй ауагъдта, разагъд уыдис мæстыдзинад дæллаг æмвæзы æвзарæнон комисситы уæнгтæ объективон кæй нæ уыдысты уый тыххæй. АИШ-ы минæварады цæстдарæг къордтæ æрыййæфтой ахæм цаутæ æмæ хифæкæныны факттæ цалдæр фадыгыл» – дзырдæуы фидиуæны.
АИШ-ы минæварады фидиуæны дзырæдуы, ома демократи у иудадзыг тыхархайды процесс, кæцы домы бæрзонддæр æхсæнадæмон стандарттæм иузæрдыгдзинад æмæ æмбæстæгты демократон барты æмæ сæрибардзинады хъахъхъæдад сифтонг кæнынæн стыр хъусдард. Иуæй-иу реформæ, кæцыйы гуырдзиаг политикон лидертæ инклюзивон æмæ бирæпартион процессы фæстиуæгæн афæдзы райдайæны райстой, цахæм дæр у автоматон бахыгъды процесс æмæ электрононæй хъæлæскæнын, нысаниуæгджынæй райрæзын кодтой хъæлæс кæныны процессы æргомдзинад.
«Хъыгагæн, ацы позитивон къахдзæфтæ фæлæмæгъ сты æвзæрстыты агъоммæ периоды æмæ æвзæрстыты бон уæрæх ахæлиугонд хæлдтытæ,кæцы æппæрццаг бандæвдта æмбæстæгтæн уæгъдибарæй хъæлæскæныны фадатмæ. Уый бæсты, цæмæй уавæр фæхуыздæр уыджаит уыцы проблемæты алыгæй кæцы æвзарæнон цæстдарджытæ æвзæрстыты фыццаг туры рæстæджы рабæрæг кодтой: тасы æфтауын, æфхæрæн риторикæ, администрацион ресурсæй æнæмбæлгæйæ пайда кæнын, хъæлæсты æргомæй балхæды фæдыл хъусинæгтæ æмæ æндæр хæлдтытæ – адарддæр сты, поляризацигонд медиа та ноджы фыддæр карздæр кодта поляризацигонд уавæр» – дзырдæуы фидиуæны.
Сæрмагонд мæты тыххæй дзырдæуы æвзарæнон цæстдарджыты æмæ медийы минæвæртты ныхмæ тыхмидзинады тыххæй. Минæварад ныфс æвæры, цæмæй алы ацы фактыл ацæудзæн фæдагуырд.
«Алы æвзæрстытæ, аиппджынтæ дæр, фæлтæрддзинадыл æнцойгæнгæ ахуыры æмæ реагир кæныны фадат у фæлхатгæ хæлдтытыл, кæцытæ разнаггад кодтой ацы æвзæрстытæ æмæ сындæггай банкъуысын кодтой адæмы æууæнк демократон институтты æрдæм. Фыццаджы дæр, курæг стæм Гуырдзыстоны лидертæй алы уыцы баззайгæ реформæтæ райсын æмæ сыххæст кæнын, кæцытæ рекомендацигонд сты OSCE/ODIHR-ы, Венецийы комиссийы æмæ æндæр æхсæнадæмон организацтæй. Фæнысангонд рекомендацитæ парламенты æркуырдты фæстиуæгæн сты бавдст æмæ раззаг æвзæрстытæм абаргæйæ нысаниуæгджын размæ арызт къахдзæф уыдзæн фидæны æвзæрстытæ фæхуыздæр кæнынæн.
Америкаг адæм разы æмæ æххуысгæнæг уыд гуырдзиаг адæмы тыхайрхайдæн демократон институтты арæзтады, фидар æмбæстагон дзыллæйы, профессионалон плюралистон медийы æмæ адæммæ фæлмæнзæрдæ хицауад æрбацыдæн дæргъвæтин æмæ быцæусидтытæй æфсæст процессы. Ацы фæстаг æвзæрстытæ æмæ Гуырдзыстоны политикон хъаугъа расайæг арф кризисæй бæрæг ссис, цæмæй нырма бирæ кусын хъæуы куыд гæнгæн ис афтæ рæхджы. АИШ-æ Гуырдзыстонæн æнхъары хæлардзинад æмæ æххуыс куыд зæрдиаг партнер, уымæн æмæ нæ гуырдзыстоны ныфс ис, куыд стабилон æмæ æнтыстджын демократи, кæцы цыт кæны закъоны сæйрагдзинадæн, адæймаджы бартæн æмæ фундаментон сæрибардзинæдтæн. Фæстæмæ та иузæрдыг стæм баххуыс кæнæм Гуырдзыстонæн ацы нысæнттæм æрцæуыны хъуыддаджы» – дзырдæуы АИШ-ы минæварады фидиуæны.