АИШ-ы минæварад аргъ дæтты Гуырдзыстоны ацæугæ  æвзæрстытæн
АИШ-ы минæварад аргъ дæтты Гуырдзыстоны ацæугæ æвзæрстытæн

Хæдуынаффæйы æвзæрстытæ æмæ Гуырдзыстоны политикон  хъаугъа расайæг  арф кризисæй  бæрæг ссис, цæмæй  нырма  бирæ  кусын хъæуы куыд гæнгæн ис  афтæ рæхджы –  уый фæдыл дзырдæуы Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварады фидиуæны.

«Разы  стæм  ODIHR-ы  аргълæвæрдимæ, ома æмтгæй райсгæйæ  æвзæрстытæ  уыд  сабыр æмæ  дзæбæх организацигонд, фæлæ   зылынгæнæнтæ, æвзæстгæнджыты тасы бафтауыны  æмæ сæм хъомыс дарыны  тыххæй  нрыма дæр ис  æмæ дæргъвæтин поляризаци, кæцыимæ ма  фемдзыди æппæрццаг риторикæйы фæкарз,  процессыл æппæрццагæй  фæзындис.  Ресурсты рахатинаг  дырыс дисбаланс  æмæ  хицауады уæвгæйæ  æфтгæ  æнæмбæлон  уæлидзинад, æвзæрстыты  ерысы  ауæлттæ  фæивдтой.  ODIHR афтæдæр  разагъта  хъыгдзинад уыцы дæргъвæтин  практикæйы тыххæй, цæстдарæг организациты  минæвæрттæ куы архайдтой, куыд партийы фарсхæцджытæ æмæ  хаттæй-хатт  куылымпы  кодтой процесс, афтæма  хицæн адæймæгты  къордтæ  куылмпы кодтой хъæлæскæныны  процесс фадгуыты æддæйæ, æнхъæлцау, уæлæндæвд кодтой æвзæрстгæнджытыл. Нæкæсгæ ODIHR-ы хатдзæгмæ, ома  цекнтралон æвзæрстгæнæн комисси  дыккаг тур професисоналонæй æмæ  æргомæй  ауагъдта, разагъд уыдис  мæстыдзинад дæллаг æмвæзы  æвзарæнон комисситы  уæнгтæ объективон кæй нæ уыдысты  уый тыххæй.  АИШ-ы  минæварады цæстдарæг  къордтæ  æрыййæфтой  ахæм  цаутæ  æмæ  хифæкæныны факттæ  цалдæр фадыгыл» – дзырдæуы  фидиуæны.

АИШ-ы минæварады  фидиуæны дзырæдуы,  ома демократи  у иудадзыг тыхархайды процесс, кæцы домы  бæрзонддæр æхсæнадæмон стандарттæм  иузæрдыгдзинад  æмæ  æмбæстæгты демократон барты æмæ сæрибардзинады хъахъхъæдад сифтонг кæнынæн  стыр хъусдард. Иуæй-иу реформæ, кæцыйы гуырдзиаг политикон  лидертæ инклюзивон  æмæ бирæпартион  процессы фæстиуæгæн  афæдзы райдайæны райстой,   цахæм дæр у  автоматон бахыгъды  процесс æмæ  электрононæй хъæлæскæнын,  нысаниуæгджынæй райрæзын кодтой  хъæлæс кæныны процессы æргомдзинад.

«Хъыгагæн, ацы позитивон  къахдзæфтæ  фæлæмæгъ сты  æвзæрстыты агъоммæ периоды æмæ æвзæрстыты бон  уæрæх ахæлиугонд  хæлдтытæ,кæцы æппæрццаг  бандæвдта æмбæстæгтæн уæгъдибарæй  хъæлæскæныны фадатмæ.  Уый бæсты, цæмæй  уавæр фæхуыздæр уыджаит  уыцы  проблемæты алыгæй  кæцы  æвзарæнон цæстдарджытæ æвзæрстыты фыццаг туры  рæстæджы рабæрæг кодтой:  тасы æфтауын, æфхæрæн риторикæ, администрацион ресурсæй æнæмбæлгæйæ  пайда кæнын, хъæлæсты  æргомæй  балхæды фæдыл хъусинæгтæ æмæ æндæр  хæлдтытæ – адарддæр сты,  поляризацигонд медиа та  ноджы  фыддæр  карздæр кодта   поляризацигонд уавæр» –  дзырдæуы  фидиуæны.

Сæрмагонд мæты тыххæй  дзырдæуы  æвзарæнон  цæстдарджыты æмæ  медийы  минæвæртты ныхмæ тыхмидзинады тыххæй.  Минæварад ныфс æвæры, цæмæй  алы ацы  фактыл  ацæудзæн фæдагуырд.

«Алы æвзæрстытæ, аиппджынтæ дæр, фæлтæрддзинадыл æнцойгæнгæ  ахуыры æмæ  реагир кæныны  фадат у  фæлхатгæ хæлдтытыл,  кæцытæ разнаггад кодтой ацы æвзæрстытæ æмæ сындæггай   банкъуысын кодтой адæмы æууæнк  демократон институтты æрдæм. Фыццаджы дæр,  курæг стæм  Гуырдзыстоны лидертæй  алы уыцы  баззайгæ  реформæтæ райсын  æмæ сыххæст кæнын, кæцытæ  рекомендацигонд сты  OSCE/ODIHR-ы, Венецийы комиссийы  æмæ æндæр  æхсæнадæмон организацтæй.  Фæнысангонд рекомендацитæ  парламенты  æркуырдты фæстиуæгæн  сты бавдст æмæ  раззаг æвзæрстытæм  абаргæйæ   нысаниуæгджын размæ арызт къахдзæф  уыдзæн  фидæны æвзæрстытæ фæхуыздæр кæнынæн.

Америкаг адæм   разы æмæ æххуысгæнæг уыд гуырдзиаг адæмы тыхайрхайдæн  демократон институтты арæзтады, фидар  æмбæстагон дзыллæйы, профессионалон плюралистон медийы  æмæ адæммæ  фæлмæнзæрдæ  хицауад æрбацыдæн дæргъвæтин æмæ  быцæусидтытæй  æфсæст   процессы. Ацы фæстаг æвзæрстытæ  æмæ  Гуырдзыстоны политикон  хъаугъа расайæг  арф кризисæй  бæрæг ссис, цæмæй  нырма  бирæ  кусын хъæуы куыд гæнгæн ис  афтæ рæхджы.  АИШ-æ  Гуырдзыстонæн æнхъары  хæлардзинад æмæ æххуыс  куыд   зæрдиаг  партнер, уымæн æмæ  нæ гуырдзыстоны ныфс ис, куыд  стабилон  æмæ æнтыстджын демократи, кæцы цыт кæны  закъоны сæйрагдзинадæн,  адæймаджы  бартæн æмæ фундаментон сæрибардзинæдтæн. Фæстæмæ та иузæрдыг стæм  баххуыс  кæнæм Гуырдзыстонæн  ацы  нысæнттæм  æрцæуыны  хъуыддаджы» – дзырдæуы АИШ-ы минæварады  фидиуæны.