АИШ-ы минæварадон палатæ спикер Кевин Маккартийы йæ куыстæй систа. Уынаффæимæ сразы сты 216 конгрессмнен, æрмæст 210 та йæ ныхмæ уыд.
Маккартийы куыстæй суæгъд кæныны инициативæйæ республикаг конгрессмен Метт Гетц рацыд, кæцы æнæрайгонд уыд уымæй, цæмæй йæ æмпартийаг компромиссыл ацыд демократиимæ æмæ сифтонг кордта 45 бонон бюджеты райст, цæмæй маруагдтаит хицауады куыстурæд. Уый ма афтæдæр фæзылынджын кодта Маккартийы, цыма уый сразы ис сусæг бадзырдыл президент Джо Байденимæ Украина сфинанс кæнынæн.
Банысан кæнын хъæуы, цæмæй АИШ-ы историйы уый фыццаг цау у, дæллаг палатæйы спикеры йæ куыстæй куы систой. Маккартийы фидиуæнæй, зæгъгæ нæкæсгæ уымæ цæмæй уый нал у палатæйы сæрдар, уый нæ фæсмон кæны йæ æвзæрстыл, кæцыйы тыххæй йæ систой йæ постæй.