АИШ-ы минæвæртты палатæ план кæны, фидæн къуырийы хъæлæскæнынмæ рахæсса Израилæн æххуысы закъонопроект Украинайы фарстайæ цух
АИШ-ы минæвæртты палатæ план кæны иннæ къуырийы хъæлæскæнынмæ рахæсса Израилæн æххуысы закъонопроект, уУкраинайы фарстайæ цух. Агентад «Блумберг» куыд фыссы афтæмæй, уый фæдыл минæвæртты палатæйы спикер Майк Джонсон райхъусын кодта.
Джонсон куыд банысан кодта афтæмæй, уый зæгъгæ хъæуы цæмæй Израил, кæцы «Хамасы» ныхмæ хæцы, æххуыс афоныл райса. Спикеры æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, Мексикæимæ арæнмæ гæсгæ Украинайы æмæ Израилæн æххуысы иумæйаг пакеты кæсыны афон нæу.
«Ацы æнхъарæны æввахс рæстæджы публикаци скæнлæн Сент дæргъвæтин бадзырты фæстæ» – райхъусын кодта Джонсон.
Закъонопроект йæ хъуыдыйы дары 17,6 миллиард доллар рауæлдай кæнын Израилæн æфсæддон æххуысы тыххæй æмæ регионы АИ-ы æфсæддон оппрацитæн.
Ивъуыд азы октябры АИШ-ы президент Джо Байден Конгрессмæ баздæхт 106 миллиард доллары бæрц пакет рауæлдай кæнынæн, кæцæй дæр 61 миллиард рагхыгъдгонд уыдзæн Украинайæн, 14,3 – Израилæн, 2 миллиард Тайванн, афтæма 6,4 миллиард АИШ-ы арæны æдасдинадæн, фæлæ республикæгтæ фæнысангонд иумæйаг пакет сфидар кæныныл нæзагъд кæнынц æмæ ИШ-Мексикæйы арæны хъахъъæд стынг кæнынæн хъæугæ мадзæлттæ райстæй цух.