АИШ-ы минæвæртты палатæ Гуырдзыстонæн фарсхæцæн дыууæпартион акт, æмхъæлæсонæй сбæлвырд кодта
АИШ-ы минæвæртты палатæ Гуырдзыстонæн фарсхæцæн дыууæпартион акт, æмхъæлæсонæй сбæлвырд кодта.
Гуырдызстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады куыд дзурынц афтæмæй, АИШ-ы минæвæртты палатæйы банысангонд документ кæй сфидар ис уымæй, Гуырдзыстоны æмæ АИШ-ы ахастыты бынтон уæлдæр æмвæзадыл скæныны дырыс бæлвырдгæнæн у.
Дыууæпартион закъонопроект хахх кæны Гуырдзыстоны суверенитеты, хæдбардзинад æмæ территорион æнæхъæндзинады æрдæм АИШ-ы æнæфæцудгæ æнцойдарынад æмæ оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл адæймаджы барты халæг уæнгты ныхмæ санкциты инициативæ æвдисы. Закъонопроект сæрмагонд хъусдард здахы АИШ-Гуырдзыстоны æхсæн хъахъхъæнынады æмæ æдадсзинады сферæйы æмгуыстады, Гуырдзыстоны хæдиргъæфхъомад фæфидардæр кæныны æмæ ацы æрдæм паддзахадон нымæрдары хæсджын кæны, æмбæлон уагдæттимæ Гуырдызстонимæ æмкуысткæнынады фидæн фондз азы стратеги бавдисын. Закъонопроектæй Конгресс АИШ-ы базарадон минæвармæ сиды, архайадон къахдзæфтæ сараза, цæмæй Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы æхсæн сæрибар базарады бадзырд бафыссынæн, бадзырдты æрдæм.
Фæдылдзог къахдзæфæй та уыдзæн, АИШ-ы минæвæртты палатæйы ныридæгæн бæлвырд закъондæттæн акты проект, æрвыст æрцæудзæн АИШ-ы сенатмæ. Сенаты æмбæлон комитетты æмæ Сенаты пленарон сессийыл закъонопроекты сфидар кæныны фæстæ, уыйы къухбафыссынæн арвитдзысты АИШ-ы президентмæ, кæцы йыл йæ къух куы бафыссы уыцы цауы, райсдзæн закъоны тых.