Гуырдзыстоны  АИШ-ы  минæварад Сенаты æддæ ахастыты комитеты аппараты къухдариуæггæнæджы Тбилисы уагъд фембæлдты фæдыл  информаци  хъусын кæны
Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварад Сенаты æддæ ахастыты комитеты аппараты къухдариуæггæнæджы Тбилисы уагъд фембæлдты фæдыл информаци хъусын кæны

Тбилисмæ æрцыд  АИШ-ы  Сенаты  æддæ ахастыты  комитеты  аппараты   къухдариуæггæнæг  Крис  Соча.  Уый тыххæй  информаци хъусын кæны  Гуырдзыстоны АИШ-ы  минæварад.

Афтæдæр сæ  хъусинагæй,   Соча  фембæлд   премьер-министр  Гиорги Гахариаимæ,   хицауады æндæр   минæвæрттиммæ,  политикон  партиты  лидертимæ,   парламенты сæрдаримæ,  парламенты уæнгтимæ, æмбæстагон дзыллæйы æмæ   æхсæнадæмон  æнæхицауадон  организациты  минæвæрттимæ.  Фембæлдтыл Гуырдзыстоны  уæвæг   политикон   уавæр æркастысты.

«Алы  фембæлдыл  Крис  Соча бахахх  кодта   АИШ-ы фарсхæцынад   Гуырдзыстоны  территорион æнæхъæндзинад æмæ  йæ евроатлантикон  интеграцийы æрдæм.   Уый  фембæлдыл   конкретонæй   бавдыста  фарста  Уæрæсейы  æрдгæй æнæзакононæй оккупацигонд   Абхаз æмæ  Хуссар Ирыстоны  уæвæг уавæрыл.   Соча  афтæдæр фæныхас кодта   Гуырдзыстоны  демократийы  æмæ  фæткдæтынад фæлæмæгъы   рпоблемæтыл  æмæ   æрласта  Сенаты   комитеты  сæрдары, сенатор  Джим Ришы  дырыс  æрвитæггаг уый  фæдыл,   цæмæй   Америкæйы  Иугонд  Штаттæ йæ фарс хæцы  Гуырдзыстоны  демокративон райрæзтæн,  фæлæ  паддзахадон оргæнтæ  хъуамæ  скад кæной  алкæй  политикон бартæн  æмæ  адарддæр кæной  бæрнон системæйы фидар кæнын, кæцы ифтонг кæндзæн.  Хицауадæн йæ  хицаудзинад æмбæлгæйæ  арæн скæнын», –  банысангонд у   Гуырдзыстоны  АИШ-ы минæварады  Фейсбукы  фарсыл  публикацигонд  информацийы.