Сенат  сбæлвырд кодта   Гуырдзыстоны АИШ-ы  минæварæй  Келли Дегнаны  снысан кæнын
Сенат сбæлвырд кодта Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварæй Келли Дегнаны снысан кæнын

АИШ-ы сенат   Гуырдзыстоны  Америкæйы  Иугонд  Штатты  минæвары бынатмæ   Келли Дегнаны  кандидатурæйæн   йæ  фарс рахæцыд

Уый фæдыл информаци   сенаты   веб-фарсыл  æрцыд  публикацигонд.

Келли Дегнан  у  уынаффæгæнæг-минæвары   рангы   карьерон дипломат  кæцы  европæ  æмæ  Африкæйы  АИШ-ы   æфсæддон-денджызон  тыхты  сæрдары  политикъон уынафæгæнæг у.   Ацы позицийыл снысан кæныны  онг,  Келли Дегнан   куыста   АИШ-ы  дипломативон  миссийы  къухдариуæггæнæджы  хæдивæгæй    Италийы   Æххæстгæнæг   нымæрдары  хæдивæгæй   паддзахадон департаменты  æмæ АИШ-ы  дипломативон  миссийы  къухдариуæггæнæджы   хæдивæгæй  Косовойы.

Афтæма  25 азон  карьерæйы   дæргъы,   Келли Дегнан   куыста  политикъон уынаффæгæнæгæй   НАТО-ы  АИШ-ы   минæварады,  хистæр æмбæстагон  минæвары  позицийыл   Афгъанистаны,  Салерной бригадæйы  хæцæг  къорды   æмæ Турчы  АИШ-ы  дипломативон  миссийы   политикъон   амонæгы  хæдивæгæй.   Келли Дегнан   уыд   паддзахадон нымæрдары  æмæ    политикъон фарстаты   паддзахадон департаменты   нымæрдары   æххуысгæнæджы  специалон   хæдивæг. Ис йæм  бакалавры  ном   журналистикæйы  Норзвестерны   университеты æмæ  барады  докторы   ном   Хуссар Калифорнийы   университеты.  Келли Дегнан у    паддзахадон нымæрдары ESA  хорзæх дарæг  æмæ ныхас  кæны,  италиаг,  туркаг æмæ   урдуйы  æвзæгтыл.