АИШ-ы минæвæртты палатæ Дональд Трампы ныхмæ импичменты фæлгæтты аххосæгтæ сбæлвырд кодта
АИШ-ы минæвæртты палатæ Дональд Трампы импичменты хъуыддаджы йæ ныхмæ аххосæгтæ сбæлвырд кодта. АИШ-ы президенты æххæстбарты фыдвæнд спайдайы æмæ Конргессы куыст куылымпы кæныны аххосджын кæнынц. Дыууæ аххосагæн минæвæртты палатæ хицæнтæй схъæлæс кодта. Халæппæрсты онг дæллаг палатæйы зæгъæн ис 12 сахатон тызмæг депаттæ цыдысты.
Президентæн хицаудзинадæй фыдвæнды спайдайæн схъæлæс кодтой 230 конгрессмен, 197 та йæ ныхмæ сты, иу йæхиуыл фæхæцыд. Конгрессы куыст фæкуылымпымæ гæсгæ, фæнысангонд аххосагæн минæвæртты палатæйы 229 уæнг схъæлæс кодтой.
АИШ-ы президент аххосæгтыл нæ сæтты æмæ йæ ныхмæ фæдæвзарæны хоны политикъонæй мотивиргонд актæй.
Афтæмæй, Билл Клинтоны æмæ Эндрю Джексоны фæстæ, Дональд Трамп АИШ-ы æртыккаг президент у, кæцыйы ныхмæ импичменты процедурæ сæххæст уыдзæн.
Дональд Трампы президенты постыл баззайынмæ гæсгæ кæронбæттæн скуыддзаг Сенат хъуамæ райса, кæцыйы дæр Трампы æмпартийæгтæ Республикæгтæ фылдæртæй сты. Сенаты импичменты процедурæ январы райдайдзæн.