АИШ-ы Конгрессы райстой резолюци, кæцы Дональд Трампмæ сиды, ногæй æркæса уынаффæ Сирийæ æфсад ракæныны фæдыл
АИШ-ы Конгрессы минæвæртты палатæ дыууæпартион резолюци райста, кæцы президент Дональд Трампмæ сиды, ногæй æркæса уынаффæ Сирийæ æфсад ракæныны фæдыл.
Æмбæлон документæн схъæлæс кодтой 354 конгрессмен, йæ ныхмæ уыдысты 60, цыппар та сæхи баурæдтой хъæлæс кæнынæй.
Дыууæпартион резолюцийы конгрессментæ фауынц Трампы уынаффæ, ракæна йæ гарзджын хайадтæ Сирийы цæгат-скæсæн хайæ.
Уымæй дарддæр ма, документы автортæ æрсидтысты Турчы президент Реджеб Тайип Эрдогъанмæ, æнæаргъæвгæйæ æрурома иуфарсон æфсæддон архæйдтытæ регионы æмæ бахъахъхъæна Сирийы тыххæй уæвæг бадзырдтæ.
Закъондæтджытæ афтæдæр æрсидтысты Урс хæдзармæ, равдиса, «Исламы Паддзахады» æнæфæцудгæ скууынæгы конкретон план.