АИШ-ы Конгрессы æддаг хъуыддæгты комитет æмæ Гуырдзыстоны хæлæртты къорд Гуырдзыстоны политикон уавæры сæвдæлон кæныны сидтæй ралæууыдысты
АИШ-ы Конгрессы æддæ хъуыддæгты комитет æмæ Гуырдзыстоны хæлæртты къорд Гуырдзыстоны политикон уавæры сæвдæлон кæнынмæ сидтæй ралæууыдысты.
Æмбæлгæ фидиуæныл къух æвæрынц минæвæртты палатæйы æддаг хъуыддæгты комитеты сæрдар Грегори Миск, комитеты акæнæг республикаг уæнг Макл Маккол, Конгрессы Гуырдзыстоны хæлæртты къорды æмсæрдæрттæ, конгрессментæ Джерри Конноли æмæ Адам Кинзингер.
«Гуырдзыстоны хæлæрттæн, Гуырдзыстонæн йæ фарс рагæй чи хæцæм уыдонæн, знон Тбилисы айтынггонд фæзындтæм кæсын уыд æрхуын æфтауæг. Гуырдзиаг адæм азты дæргъы цы уæззау куыст кодтой фидар æмæ æнтыстджын демократий саразынæн, уый, уæлдайджын тыхæй спайдакæныны æмæ æнæдемокративон архæйдтыты тыххæй серьозон тасы раз ралæууыд. Политикон æнæразыдзинады сабырæй алыгы нысанæн, курæг стæм «Гуырдзиаг Бæллиццы» лидертæй, ивтыгъд суадзæт уавæрæн æмæ бакусæт «Иугонд националон Змæлд» æмæ æндæр оппозицион партитимæ, цæмæй Гуырдзыстоны æрыздæха тыхджын демократон фидæны арæзтады фæндагмæ. Дызæрдыг кæнæм, цæмæй æндæр чысыл партитимæ кусын æнæхъомыс, куылымпыгæнæг уыдзæн уыцы прогрессæн, кæцымæ Гуырдзыстон æрцыдис Евроцæдисы æмæ НАТО-имæ æнгом ахастыты рдгæй», – дзырдæуы фидиуæны.