АИШ-ы хицауауды финансдзинады закъонопроекты сбæлвырд кæнын сенат нæ бахъом ис
АИШ-ы Конгрессы иумæййон рæстгæмæ бюджетæй кæй хонынц уый сбæлвырд кодтой.
Хицауады финансдзинады закъонопроекты кæронбæттæн каст сног уыдзæн февралы астæу бонты.
Аххос, демократ æмæ республикаг сенаторты æхсæн рад фарстытæм гæсгæ хъуыдыты хъауджыдæрдзинад у. Законопроект æнтыстджынæй сбæлвырд ис бæрнонадон палатæйы, цы ран «рæстæгмæ бюджетæн» схъæлæс кодтой 230, æрмæст йæ ныхмæ та рацыдысты 197. Фæлæ проект сенаты хъæлæсты хъæугæ бæрц нæ райста.
Фæстæдæр, Дональд Трамп «Твиттеры» ныффыста, цæмæй хицауады финансдзинады закъонопроекты сбæлвырд куылымпы кæнынц демократтæ зæгъгæ.