АИШ-ы хицауад Гуырдзыстоны МХМ-æн ратта Айлæнды» классы дыууæ науы – «Диоскуриа» æмæ «Очамчире»
АИШ-ы хицауад Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты минстрадæн ратта «Айлæнды» классы дыууæ науы – «Диоскуриа» æмæ «Очамчире».
Науты алæвæрды церемони ацыд Поты донбылхъахъхъæды базæйыл. Мадзал бакодтой Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе æмæ вице-премьер, мидхъуыддæгты министр Гиорги Гахариа.
«Абон бæрæгбон кæнæм ацы бæрæг датæ æмæ дыууæ цауы. Абон сæххæст 20 азы донбылхъахъæды департаменты бындурæвæрдæй, æмæ нын абон нæ стратегион партнер АИШ-æ радæтта «Айленды» классы дыууæ науы. Фыццаджы дæр мæ фæнды Донбылхъахъъхæды департаменты æххæст скондæн раарфæ кæнын. Афтæдæр мæ фæнды бузныг зæгъын нæ стратегион партнерæн АИШ-æн, сæ хайбавæрды тыххæй, нæ бæстæйы æдасдзинады, хæдиргъæфхъомады æмæ бæстæйы донбылы хъахъхъæды хъуыддаджы. Мах тынг хорз æмбарæм, цæмæй æнæ сымах æххуысæй тынг зын уыдаит донбылы хъахъхъæнынад» – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.
Мидхъуыддæгты министр баздæхт наутæ «Очамчире» æмæ «Диоскуриайы» сæрмагонд скондмæ:
Арфæ уын кæнын ацы бон æмæ уын кувын цæмæй абоны бонæй сымах аккаг хайбавæрд куыд скæнат Гуырдызстоны æмæ НАТО-йы æмгуыстады фæарфдæр кæныны хъуыддаджы, сæрибардзинад æмæ ацы бæстæйы иудзинад фæфидардæр кæныны».
Церемонийыл уыдысты Гуырдзыстоны хицауады уæнгтæ, мидхъуыддæгты министрады минæвæрттæ, АИШ-ы минæварады кусджытæ, НАТО-йы басдзинады офисы, афтæдæр Гуырдызстоны аккредитацигонд дипломативон корпусы минæвæрттæ, æмæ æндæр æмæ æндæр бæстæты хъахъæнынады фарстаты атташетæ.
Церемонийыл дзырдæй ралæууыд Гуырдызстоны премькр-министр дæр:
«»Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы æхсæн ахастытæ æмæ партнерад никуы уыдысты ахæм бæрзонд æмвæзадыл. Сау Денджыз æнæмæнгæй сæххæст хкæндзæн сæрмагонд роль дунеон æдасдзинады архитектурæйы хъуыддаджы. Тынг райгонд стæм, цæмæй нæ стратегион партнертæ дзæбæх æмбарынц Сауденджызы æмæ нæ бæстæйы роль регионы, дунеон æдасдзинады архитектурæйы хъуыддаджы Ноджы мæ иу хатт фæнды бузныг зæгъын нæ хæлæрттæн ахæм ахсджиаг æххуысы тыххæй» – райхъусын кодта премьер-министр Мамука Бахтадзе.