АИШ-ы цалдæр горæты Иранимæ хæсты ныхмæ чи у, уыцы æмбæстæгтæ протестон акци ауагъдтой
АИШ-ы цалдæр горæты Иранимæ хæсты ныхмæ чи у, уыцы æмбæстæгтæ протестон акцимæ рахызтысты. Ирайнаг генералы Хасем Солейманийы ликвидацийы æмæ Æввахс Скæсæнмæ уæлæмхасæй ноджы 3000 америкаг æфсæддоны æрвысты фæдыл АИШ-ы президенты ист скуыддзаг Вашингтоны æмæ ноджы цалдæр горæты спротест кодтой.
Акцийы хайадисджытæ Урс Хæдзары раз æрымбырд сты. С æныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ АИШ-æ хъуамæ рацæуæт Æввахс Скæсæнæй. Фæстæдæр демонстранттæ сабырадон цыд сарызтой бæстæйы президенты, Дональд Трампы æхсæнадæмон фысымуаты æрдæм. Акцийы хайадисджыты æхсæн уыд артсит æмæ активист Джейн Фонда.
Аналогион акцитæ ацыд Нью Йоркъы , Чикагойы æмæ æндæр горæтты.