АИШ-ы æмæ Уæрæсейы минæвæрттæ Швейцарийы горæт Женевæйы 10 январы стратегион бадзырдтæ ауадздзысты. Ныгуылæйнаг медиа фыссы, цæмæй Украианайы арæнты цур Уæрæсейы æфсæддон тыхты мобилизацийы тыххæй, АИШ æмæ Европæйы мæстыдзинад рæзы.
Бадзырдтыл Уæрæсейы сæйраг æркуырд уыдзæн гарантитæ райсын, ома цæгат-атланктикон альянс хурыскæсæны æрдæм нал ауæрæх уыдзæн æмæ Украинайы НАТО-ы ракетæтæ нæ равæрдзæни. Фæлæ АИШ-ы хъусын кæнынц, цæмæй бадзырдты рæстæджы, «ницы бæлвырд хæсист» нæ уыдзæн æмæ каст уыдзæн æрмæст æдасдзинады фарстатæ.
Параллелонæй Уæрæсейы лæбурды тасы фоныл, хурыскæсæн Украинайы æфсæддон хайадтæ æххæстæй мобилизацигонд сты. АИШ Уæрæсейы фæдзæхсы, цæмæй Украинамæ лæбурд, Мæскуыйæн æгæр зынаргъ сбаддзæн.
Мæскуыйы дзурынц, цæмæй бадзырдты размæ Уырыссаг фарс оптимистон равгыл лæууы.