АИШ Гуырдзыстонæн, Уæрæсейы ныхмæ иргъæфхъомад стынг кæнынæн 35 милуан доллар рауæлдай кæндзæн
Иугонд Штаттæ Гуырдзыстонæн, Уæрæсейæ цæугæ тасæй иргъæфхъомад стыхджын кæныны нысанæн 35 милуан доллар раукæлдай кæндзæн. Америкæйы æрдгæй Украинамæ Уæрæсейы райдайгæ хæсты дзуаппæн рауæлдайгонд радон æфсæддон æххуысы хай уыдзæн, – уый фæдыл информаци хъусын кæны «Америкæйы Хъæлæс».
Медиафæрæзы банысан кодтой, цæмæй Иугонд Штатты паддзахадон нымæрдар Энтони Блинкен æмæ хъахъхъæнынады нымæрдар Ллойд Остин 25 апрелы Украинайы президент Володимир Зеленскимæ Киевы фæуазæг сты. Хæсты зонæмæ стæм визиты рæстæджы, Америкæйы министрты кабинеты дыууæ акæнæг гæс райхъусын кодтой, цæмæй Игонд Штаттæ уæлæмхасæй 713 милуан доллары бæрц æфсæддон æххуысы пакет Украинйæн æмæ 15 æмцæдисон æмæ партнер бæстæйы иргъæфхъомад стынг кæнынæн рауæлдай кæндзæн.
«Америкæйы хъæлæсæн» лæвæрд эксклюзивон фысгæ комментарийы, паддзахадон департаменты минæвар загъта, цæмæй 713 милуан доллары бæрц фæсарæйнаг æфсæддон финансдзинады (FMF) фæлгæтты 322 милуан доллар Украинайы иргъæфхъомады фæрæзтæ стынг кæнынæн бахардз уыдзæн, иннæ суммæ та Балканты æмæ Централон æмæ хурыскæсæн Европæйы бæстæтыл адих уыдзæн. «Америкæйы Хъæлæсы» хъусинагæй, сæ нымæцы ис Гуырдзыстон дæр.
«Гуырдзыстонмæ лæвæрд уыдзæн 35 милуан доллар, кæцымæ хауы бригадæйы хæцæн хотыхты комплект, æнæпилот тæхæн аппаратты ныхмæ системæ, акæнæг быдырон артиллерийы тактикон бæрæггæнæнты системæ, мобилондзинады фæрæзтæ æмæ киберхъахъхъæнынад», – дзырдæуы паддзахадон департаменты дзуаппы.