АИШ Гуырдзыстонæн, Уæрæсейы ныхмæ иргъæфхъомад стынг кæнынæн 35 милуан доллар рауæлдай кæндзæн
АИШ Гуырдзыстонæн, Уæрæсейы ныхмæ иргъæфхъомад стынг кæнынæн 35 милуан доллар рауæлдай кæндзæн

Иугонд Штаттæ  Гуырдзыстонæн, Уæрæсейæ цæугæ тасæй   иргъæфхъомад  стыхджын кæныны нысанæн  35 милуан  доллар  раукæлдай кæндзæн. Америкæйы  æрдгæй   Украинамæ Уæрæсейы  райдайгæ хæсты  дзуаппæн   рауæлдайгонд   радон   æфсæддон   æххуысы  хай  уыдзæн, – уый фæдыл  информаци хъусын кæны «Америкæйы Хъæлæс».

Медиафæрæзы банысан кодтой, цæмæй   Иугонд Штатты паддзахадон нымæрдар  Энтони Блинкен  æмæ  хъахъхъæнынады  нымæрдар Ллойд Остин  25 апрелы   Украинайы  президент  Володимир Зеленскимæ Киевы  фæуазæг сты.  Хæсты зонæмæ  стæм визиты рæстæджы, Америкæйы  министрты кабинеты дыууæ акæнæг  гæс райхъусын кодтой, цæмæй  Игонд Штаттæ  уæлæмхасæй 713 милуан  доллары бæрц  æфсæддон æххуысы пакет  Украинйæн æмæ 15 æмцæдисон   æмæ партнер бæстæйы иргъæфхъомад стынг кæнынæн  рауæлдай кæндзæн.

«Америкæйы хъæлæсæн»  лæвæрд эксклюзивон  фысгæ комментарийы, паддзахадон  департаменты минæвар  загъта, цæмæй  713 милуан доллары бæрц фæсарæйнаг æфсæддон финансдзинады (FMF) фæлгæтты 322  милуан  доллар Украинайы  иргъæфхъомады фæрæзтæ  стынг кæнынæн   бахардз уыдзæн, иннæ  суммæ та Балканты æмæ Централон æмæ хурыскæсæн  Европæйы  бæстæтыл адих уыдзæн. «Америкæйы Хъæлæсы»  хъусинагæй, сæ нымæцы  ис  Гуырдзыстон дæр.

«Гуырдзыстонмæ  лæвæрд уыдзæн 35 милуан доллар, кæцымæ  хауы бригадæйы хæцæн хотыхты  комплект, æнæпилот тæхæн аппаратты ныхмæ системæ, акæнæг  быдырон артиллерийы  тактикон  бæрæггæнæнты системæ, мобилондзинады фæрæзтæ æмæ  киберхъахъхъæнынад», – дзырдæуы паддзахадон департаменты  дзуаппы.