АИШ цæттæ у Цæгат Кореаимæ бадзырдтæ сног кæна
АИШ цæттæ у ядерон хæцæнгарзы санулирмæ баххæсыдмæ Цæгат Кореаимæ бадзырдтæ сног кæна.
Майк Помпео Нью-Йоркмæ æрхуыдта Цæгат Кореайы æттаг хъуыдтæгты министры фидæн къуыри. АИШ-ы фыццаг дипломаты ныхасмæ гæсгæ, уый нысан у 2021 азы онг Кореайы æрдæгсакъадахыл ядерон хæцæнгарз мауал уа.
Reuters-ы информацийæ, официалон Вашингтон снысангонд æскъуыддзаг Цæгат æмæ Хуссар Кореаты лидерты фембæлды æмæ йæ фæстиуджыты фæстæ райста.