АИШ æрсидтис Уæрæсемæ, æнæаргъæвгæйæ сыххæст кæна 2008 азы 12 августы æхст фæурæды фæдыл бадзырдæй бæрæг хæсистытæ
Аиш-æ æрсидтис Уæрæсейы федерацимæ, куд конфликты фарсмæ æнæаргъæвгæйæ сыхæст кæна евроцæдисы æхсæны бацыдæй 2008 азы 12 августы æхст фæурæды фæдыл бадзырдæй бæрæг хæстæ æмæ акæна йæ æфсад конфликты онг позицитæм, афтæма æнарæнæй бауадза гуманитарон æххуыс. Уый фæдл АИШ-ы миссийы ахæлиугонд фидиуæны у банысангонд, кæцы публикацигонд æрцыд Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы 59-æм раунды фæудæ фæстæ.
«Уæрæсейы æфсæдты æрдгæй Гуырдзыстоны территориты 20 проценты оккупаци йæ бын къахы Гуырдзысторны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн, афтæ куыд Уæрæсейы цæугæ бордеризаци. Абхаз æмæ Хуссар Ирыстон æхсæнадæмонæй нымад æмæ Гуырдзыстонæй æнæраскъуынг хæйттæ сты. Иугонд штаттæ райы Гуырдзыстоны рагон хæсистæй, ма спайда кæна тыхæй конфликты алыг кæнынæн» – банысангонд у фидиуæны.
Уыимæ публикацигонд фидиуæны банысангонд у, цæмæй Уæрæсейы æнæпровоциргонд хæст Укранайы ныхмæ нын нæ зæрдыл æрбалæууын кодта, ома Уæрæсейы архæйдытæ Гуырдзыстоны не сты изолиргонд.
«Уæрæсе Гуырдзыстоны конфликты иунæг фарс у, кæцы ацытæккæ йæ тыхтæ æрлæууын кодта æндæр паддзахады территорийыл ИНО-йы уагæвæрды, Хельсинкийы акты æмæ Уæрæсейы 2008 азы æхст фæурæды фæдыл бадзырд гуырымыхъхъ халгæйæ. Ацы халындзинад расайдта Уæрæсейы оккупацион тыхты æрдгæй Гуырдзыстоны æмбæстагы марындзинад, сæрмагонд бæстæйы мидæгæй змæлды тыххæй. Тæфæрфæс кæнæм Тамаз Гинтурийы бинонтæн æмæ фауæм Уæрæсейы архæйдтытæ, кæцы расайдта йæ адзал»- кæсæм фидиуæны.
АИШ-æ банысан кдта Гуырдзыстоны Хуссар Ирыстоны регионимæ администрацион арæны дыууæ ахизæн пункты хайгай фегом кæнын.
«Данддæр кæнæм сæ æххæст багоммæ сидт, кæцы æвæрццагæй фæзындзæнис конфликты фæстиуæгæн зианбавзарæг районты цæрæг адæмыл» -банысангонд у фидиуæны.