Афинæты æнæбæрæг уæнгтæ бацархайдтой Украинæйы минæварадмæ балæбурын
Афинæты Украинæйы минæварадмæ балæбурын бацархайдтой æнæбæрæг уæнгтæ.
Украинæйы фæсарæн хъуыддæгты министр Павел Климкин «Твиттерыл» куыд нфыыста афтæмæй, бырсты архайды фæстиуæгæн ничи базиан ис.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, Афинæты уæвæг Украинæйы минæварадмæ бырст, æнæзонгæтæ сæххæст кодтой молотовы коктейльтæй.
Украинæйы фыццаг дипломат афтæдæр банысан кодта, цæмæй минæварады алфæмбылай территорийыл æдасдзинады мадзæлттæ фæкарздæр уыдзысты.
Официалон Киевимæ разыйæ, Грецийы барадхъахъъхæнæг оргæн æрцæугæмæ гæсгæ фæдагуырд райдыдта.