Афганистаны сæйраг сахары рæмыгъды фæстиуæг авд адæймаг фæмард
Афганистаны сæйраг сахар Кабулы рæмыгъды рæстæджы авд адæймаг фæмард. Ис цæфгондтæ дæр. Информаци уый фæдыл агентад «Ройтерс» парахат кæны. Мардгондты æхсæн иу барадхъахъæнæг дæр ис.
Апарахатгонд информацийæ рæмыгъд химарæг тероист шиитон мечетмæ æввахс сыххæст кодта, кæцыйы 1995 æм азы мардгонд политикон лидеры номы æрымысыды фæдыл мадзал цыд.