Афгъанистаны химарæг террористты бырсты рæстæджы НАТО-ы миссийы хайдаисæг æртæ æфсæддон фæхъуыд
Афгъанистаны химарæг террористты бырсты рæстæджы НАТО-ы миссийы хайдаисæг æртæ æфсæддон фæхъуыд.
Информацийы бæлвырд кæнынц альянсы. Цауы фæсиуæгæн ноджы æртæ æфсæддон фæцæф сты. Сæ нымæцы сты иу америкаг æмæ дыууæ та афгъайнаг.
Фæмардуæвæг æфсæддæттæ кæцы бæстæйæ сты уый фæдыл информацийы цæгат-атлантикон альянсы нырма нæ дзурынц. НАТО-йы куыд хъусын кæнынц афтæмæй, химарæг террористтæ альянсы патрулгæнæг колоннæмæ 5 августы бабырстойю Бынæттон медийы информацийæ, цау æрцыд Афгъанистаны хурыскæсæн хайы уæвæг провинци Парваны. Æрцæугæйыл бæрн йæхимæ нрыма иунæг къорд дæр нæ айста.