Афгъанистаны гуырдзиаг æфсæддæттæ сæбæргбон кодтой Куадзæн - (видео)
Афгъанистаны, Баграмы базæйыд Гуырдзыстоны гарзджын тыхты III фистæг бригадæйы 31-аг батальоны æфсæддон службæгæнджытæ Куадзæны сбæрæгбон кодтой.
Куадзæнон литурги сæххæст кодта Сыгъдæг Георгийы номыл гуырдзиаг аргъуаны III фистæг бригадæйы капеллан, дьякон Гоброн. Литургийы, гуырдзиаг æфсæддæттимæ иумæ, коалицион тыхты рæстдинон чырыстон æфсæддæттæ æмæ гражданон секторы минæвæрттæ уыдысты.
Гуырдзыстоны гарзджын тыхты III фистæг бригадæйы 31 батальон «Хъæддых æнцойы» мисси, Баграмы авиацион базæйыд æххæст кæны. Гуырдзиаг сабырадонты сæйраг рард у, базæйы мидæг æмæ æддæ æдасдзинад срæвдз кæнын æмæ операциты районы кантрол кæнын.
Информацийы хæлиу кæны Гуырдзыстоны хъахъъхæнынады министрад.