Афгъанистаны фысымуатмæ бырсты фæстиуæгæн æртæ адæймаг амард, 10 та, фæцæф сты. Бырст Афгъанистаны хургныгуылæны, сахар Калайи –Науйы æрцыд. Бынæттон медийы хъусинагæй, цалдæр гарзджын уæнг фысымуатмæ бынæттон рæстæгæй, 12:40 сахатыл балæбурдтой. Уыдонæн сæ ныхмæ слæууыдысты æдасдзинады куысты минæвæрттæ. Быцæудзинады рæстæджы, се ртæ фæхъуыдысты. Æрцæугæйыл бæрн йæхимæ райста змæлд «Талибан».
Æхсæнадæмон информацион агентад «РОйтеры» хъусинагæй, бæстыхай, цы ран фысымуат ис, цалдæр бар æмæ дукани кусы. Уый сахары пъæлицæйы сæйрга уагдоны æмæ хицауадон бæстыхæйтты фарсмæ уæвы.