Афганистаны æхсты рæстæджы Хъандаары полицийы сæрдар фæмард. Рапарахатгонд информацийæ æхст Хъаандары губеранторы хъахъæды уæнгты хай райдыдта.
Æрцæугæйы фæстиуæг фæцæф сты губернатор æмæ фембæлдыл уæвæг уæнгтæ. Се æхсæн дыууæ америкаг æфсæдтон. Бабырсты рæстæджы фервæзт Афганистаны Натойы миссийы къухдариуæг генерал Скот Миллер. Афганистаны Натойы тыхты пресс-спикеры Кнут Питерсы расидæнмæ гæсгæ, бырсæг ликвидиргонд у, фæлæ æндæр деталтæ зындгонд не сты.
Цалдæр сахатæй раздæр Баграмы æфсæдтон базайы цур рæмыгъды фæстиуæг фондз чехаг æфсæдтон фæцæф. Бæстæйы хихъахъæнады министрады информацийæ, бабырст æфсæдтон патрулирдзинады рæстæджы æрцыд. Автомобилы монтажгонд рæмудзæн æрмæг уæд скуыста, бынатмæ æфсæдтон автомобиль куы æрбаввахс.
Рæмыгъды фæстиуæг æфсæдæтты автомобиль сфæлдæхт. Цæфгондæн цыппарæн рæуæг цæфтæ ис, фæндзæмы уавæр та уæззау у.
Цæфгондтæ Баграмы æфсæдтон госпиталмæ аргъæвтой.
Агентад Reuters –ы информацийæ рæмыгъды рæстæджы дыууæ сабырадон æмбæстаг фæмард.