Æвзонг Юристты Ассоциаци – гуырдзиаг æнæхицауадонты иумæйаг фидиуæн – Уырыссаг закъонæн нæ бакоммæкæсдзыстæм
Уырыссаг закъонæн нæ бакоммæкæсдзыстæм, 55 боны размæ хицауад асаста гуырдзиаг адæмæн лæвæрд дзырд æмæ ногæй рæгъмæ рахаста уырыссаг закъон, уый фæндыд ацы закъоны райстæй æмбæстагон сектор басæттын, фæлæ райста прецедент цæмæн нæй ахæм иудзинад æмæ нæфæллайгæ ныхмæлæуд, гуырзиаг адæм хъæддых хъахъхъæны æмæ хъахъхъæндзæн сæрмагонд Европаг фидæн æмæ никуы бафидаудзæн уырыссаг цырыхъхъы бын цардимæ, – уый фæдыл Гуырдзыстоны Æвзонг Юристты Ассоциацийы веб-фарсыл публикацигонд фидиуæны дзырдæуы.
Фидиуæны куыд ис фыст афтæмæй, фæнысангонд акхон баззайдзæн афтдид гæххæттæй, кæцыйæн ничи бакоммæкæсдзæн.
«Уырыссаг закъон нæ бæстæйы нæ кусдзæн. Уый баззайдзæн афтид гæххæттæй, кæцыйæн ничи бакоммæкæсдзæн. Хицауад æмбаргæйæ сарызта тас нæ бæстæйы экономикæйæн, æхсæнадæмон репутацийæн, æмбæстагон сæрфадæн æмæ сабырдзинадæн. Уый сарызтой барæй, уый тыххæй, цæмæй ацы бæстæйы æмбæстæгтæ, нæ кæрæдзийæн æххуыс мауал бафæрæзтаиккам. Фæлæ мах 55 боны дæргъы бæлвырд кæнæм, цæмæй бæстæйы уарзондзинады адæм нæ фæллайынц. Нæ протест æмæ тох адарддæр уыдзæн ацы закъон аивыны онг! Уыдон бахъавдысты мах фæтæрсын кæнын спецназæй, нæмын æмæ æлгъыстытæй, æрцахстытæй æмæ æнæзакъонон ивартæй, фæлæ нæ ахъуыды кодтой, цæмæй ницæмæн у йæ бон нæ бауромын уыцы раст хъуыддаджы, кæцы хуыйны адæмæн æххуыс. Мах адарддæр кæндзыстæм нæ хъуыддаг – мах баххуыс кæндзыстæм нæ адæмæн æмæ кæрæдзийæн æмæ нæ бакоммæкæсдзыстæм уырыссаг закъонæн. Мах никæй ф æуадздзыстæм иунæгæй, рахæцдзыстæм алы æрцахстуæвæгы сæр æмæ алы иваргонды. Нæ юристтæ тох кæндзысты куыд бæстæйы мидæгæй, афтæ æхсæнадæмон тæрхондæтты. Мах бамбырд кæндзыстæм æхца, цæмæй кæрæдзийæн бафидæм ивартæ, кæцы Гуырдзыстоны уарзондзинады æмæ сæрибардзинадæн тохы ныл сæвæрдтой. Нæ тохы уыны йæ фарс хæцы æппæт цивилизацигонд дуне. Уырыссаг закъоны райстæй, тас æртхъирæн кæны æвзæрстытæм цæстдардæн, фæлæ мах, гуырдзиаг æнæхицауадон организацитæ дзырд дæттæм, цæмæй бахъахъхъæндзыстæм æвзæрстытæ æмæ алы æмбæстагы хъæлæс. Сымахимæ иумæ уыдзыстæм алы æвзарæнон фадыгы æмæ нæ цæст дардзыстæм, цæмæй бахъхаъхъæнæм сæрибар æмæ рæстаг æвзæрстытæ. Ай у Гуырдзыстон. Мах не суырыссаг уыдзыстæм. Гуырдзиаг адæм ноджы иу хатт æмæ æнæиухатт фæныфсджын кæндзæн æппæт дунейы сæрибардзинадæн тохæй. Мах хъусын кæнæм нæкоммæгæсы тыххæй, – Уырыссаг закъонæн Нæй!!! Европæйæн –О! Гуырдзиаг æнæхицауадонты иумæйаг фидиуæн», – дзырдæуы фидиуæны, кæцы афтæдæр публикацигонд у «Æхсæнадæмон Æргомдзинад-Гуырдзыстоны» вебфарсыл.