Гиорги Мсхиладзе – президент «Картули Оцнебайæн» ноджы иу шанс ныууагъдта, цæмæй закъон ист ма уа, закъоныл бадзырдтæ Саломэ Зурабишвили нæ фæлæ, «Картули Оцнеба» сæхгæдта
Президент «Картули Оцнебайæн» ноджы иу шанс ратта, цæмæй закъон ма райсой æмæ ветойы сæрты ма ахизой – уый фæдыл президенты парлам ен он нымæрдар Гиорги Мсхиладзе райхъусын кодта.
«ФÆнысангонд уырыссаг закъон,злндзыстут, цавæр поляризаци æмæ быцæуæмбæлд расайдта нæ бæстæйы, президент «Картули Оцнебайæн» ноджы иу шанс ныууагъдта, цæмæй фæнысангонд закъон ист ма уа æмæ ветойы срты ма ахизой. «Картули Оцнеба» цы аскуыддзаг кæндзæн æмæ ветойы сæрты ахизын кæд аскуыддзаг кæндзæн, дарддæры къадзæфтæ сæхи бар сты» – райхъусын кодта президенты парламентон нымæрдар.
Журналисты фарстыл президент сæхгæдта æви нæ диалог зæгъгæ, ГИорги Мсхиладзе сдзуапп кодта,ц æмæй «президент ницы сыхгæдта».
«Президент дыккаг хъусыныл сидтис Гуырдзыстоны парламентмæ, цæмæй фæнысангонд фарста æркастаиккой, æрыздæхтаиккой сæрæй кæронмæ райхæлдтаиккой закъон æмæ афтæ ацыдаит йæ каст, нæ æхсæнадæмон партнерты сидтытæм æмбæлгæйæ. Кæцыимæ «Картули Оцнеба» не сразы ис. Уымæ æмбæлгæйæ дæр, президент цæмæн сæхгæдта, не мбарын. Цæмæ хъуамæ банхъæлмæ кастаиккам? Закъонопроектмæ фиппаинæгтæ уымæн не сты хаст, æмæ уыцы закъон у уырыссаг æмæ æнæхъæнæй нæрайсгæ у. закъоныл бадзырдтæ «Картули Оцнеба» сæхгæдта, Саломэ Зурабишивли ницы сæхгдæта» – банысан кодта Гиорги Мсхиладзе.