Æвзонг Юристты Ассоциаци – гуырдзиаг æнæхицауадонты иумæйаг фидиуæн – Уырыссаг закъонæн нæ бакоммæкæсдзыстæм
Æвзонг Юристты Ассоциаци – гуырдзиаг æнæхицауадонты иумæйаг фидиуæн – Уырыссаг закъонæн нæ бакоммæкæсдзыстæм

Уырыссаг закъонæн нæ бакоммæкæсдзыстæм,  55 боны размæ хицауад асаста  гуырдзиаг адæмæн лæвæрд дзырд æмæ ногæй  рæгъмæ рахаста уырыссаг закъон, уый фæндыд ацы  закъоны райстæй   æмбæстагон сектор  басæттын, фæлæ райста прецедент цæмæн нæй  ахæм   иудзинад æмæ нæфæллайгæ  ныхмæлæуд, гуырзиаг адæм  хъæддых  хъахъхъæны æмæ хъахъхъæндзæн  сæрмагонд Европаг фидæн æмæ никуы  бафидаудзæн уырыссаг  цырыхъхъы бын  цардимæ, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны Æвзонг Юристты Ассоциацийы веб-фарсыл публикацигонд  фидиуæны дзырдæуы.

Фидиуæны  куыд ис фыст афтæмæй,   фæнысангонд  акхон баззайдзæн афтдид гæххæттæй, кæцыйæн ничи бакоммæкæсдзæн.

«Уырыссаг закъон нæ бæстæйы нæ кусдзæн.  Уый баззайдзæн  афтид гæххæттæй, кæцыйæн ничи бакоммæкæсдзæн.  Хицауад æмбаргæйæ сарызта  тас нæ бæстæйы экономикæйæн, æхсæнадæмон репутацийæн,  æмбæстагон сæрфадæн æмæ сабырдзинадæн. Уый сарызтой барæй, уый тыххæй, цæмæй  ацы бæстæйы æмбæстæгтæ, нæ кæрæдзийæн æххуыс мауал бафæрæзтаиккам.  Фæлæ мах 55 боны дæргъы бæлвырд кæнæм, цæмæй бæстæйы  уарзондзинады   адæм нæ фæллайынц. Нæ протест æмæ  тох адарддæр уыдзæн ацы  закъон аивыны онг!  Уыдон бахъавдысты мах фæтæрсын кæнын  спецназæй, нæмын æмæ æлгъыстытæй,  æрцахстытæй æмæ æнæзакъонон  ивартæй, фæлæ  нæ ахъуыды кодтой, цæмæй ницæмæн у йæ бон  нæ бауромын уыцы раст хъуыддаджы, кæцы  хуыйны адæмæн æххуыс.  Мах адарддæр кæндзыстæм нæ хъуыддаг – мах баххуыс кæндзыстæм нæ адæмæн æмæ кæрæдзийæн æмæ нæ бакоммæкæсдзыстæм уырыссаг закъонæн.   Мах никæй ф æуадздзыстæм иунæгæй,  рахæцдзыстæм алы  æрцахстуæвæгы  сæр æмæ алы иваргонды.   Нæ юристтæ тох кæндзысты  куыд бæстæйы мидæгæй, афтæ  æхсæнадæмон тæрхондæтты.  Мах бамбырд кæндзыстæм æхца, цæмæй  кæрæдзийæн бафидæм ивартæ, кæцы  Гуырдзыстоны  уарзондзинады æмæ сæрибардзинадæн тохы  ныл сæвæрдтой.   Нæ тохы уыны йæ фарс хæцы  æппæт цивилизацигонд  дуне.  Уырыссаг закъоны райстæй,   тас æртхъирæн кæны æвзæрстытæм цæстдардæн, фæлæ мах, гуырдзиаг æнæхицауадон организацитæ дзырд дæттæм, цæмæй бахъахъхъæндзыстæм  æвзæрстытæ æмæ алы  æмбæстагы хъæлæс. Сымахимæ иумæ уыдзыстæм алы æвзарæнон фадыгы æмæ нæ цæст дардзыстæм, цæмæй бахъхаъхъæнæм сæрибар æмæ рæстаг æвзæрстытæ. Ай у Гуырдзыстон.  Мах не суырыссаг уыдзыстæм.  Гуырдзиаг адæм ноджы иу хатт æмæ æнæиухатт фæныфсджын кæндзæн  æппæт дунейы  сæрибардзинадæн тохæй.  Мах хъусын кæнæм  нæкоммæгæсы тыххæй, – Уырыссаг закъонæн Нæй!!! Европæйæн –О!  Гуырдзиаг æнæхицауадонты иумæйаг  фидиуæн», – дзырдæуы  фидиуæны, кæцы афтæдæр публикацигонд у «Æхсæнадæмон Æргомдзинад-Гуырдзыстоны» вебфарсыл.