Æвзонг Юристты Ассоциаци – гуырдзиаг æнæхицауадон организацитæ цæттæ кæнæм хъаст Конституцион Тæрхондонмæ, параллелонæй  цæттæ кæнæм хъаст  Европаг Тæрхондонмæ дæр
Æвзонг Юристты Ассоциаци – гуырдзиаг æнæхицауадон организацитæ цæттæ кæнæм хъаст Конституцион Тæрхондонмæ, параллелонæй цæттæ кæнæм хъаст Европаг Тæрхондонмæ дæр

Гуырдзиаг æнæхицауадон организацитæ цæттæ кæнæм  хъаст конституцион тæрхондонмæ, параллелонæй  цæттæ кæнæм  адæймаджы барты Европаг Тæрхондонмæ бахъаст кæнынмæ – уый фæдыл  Æвзонг Юристты Ассоциацийы  ахæлиугонд  фидиуæны  дзырдæуы.

«ХЪусын кæнæм, цæмæй  уырыссаг закъоны  æгъдæуттæй нæ  цæрдзыстæм  æмæ спайда кæндзыстæм алы  мидæг æмæ æхсæнадæмон механизмæй йæ  скусын кæнын фæуæрдæн закъоны  фæстагмæ аивыны онг.  Уый тыххæй  цæттæ кæнæм  хъаст Гуырдзыстоны КОнституцион  тæрхондонмæ бавдисынæн æмæ æввахс пероды  бахъаст кæндзыстæм.  КОнституцион тæрхондонæн йæ бон у,  архайын конституцийæ лæвæрд æххæстбартæй æмæ баурома  æмбæлгæ  статиты архайд.

Фæлæ, КОнституцион Тæрхондоны нæ нымайæм иунæг фæндагæй  нæ тæрхонон  тохы хъуыддаджы.    Уыцы  цауы,к æд æмæ КОнституцион Тæрхондон нæ архайдзæн афоныл  æмæ конституцийы фæлгæтты, мах спайда кæндзыстæм альтернативон  тæрхонон механизмтæй.  Параллелонæй  цæттæ кæнæм  АдæймаджыБарты Европаг Тæрхондонмæ хъаст бадисынмæ, кæцымæ баздæхдзыстæм  хъæугæ рæстæджы. Алы  æнæхтицауадон организацийы æмæ медиайæн  сæ бон у ацы  тохы  хайадисæг суа æмæ нæм æрбаиу уа» – дзырдæуы фидиуæны