Æвзарæнон кодексмæ бахæссинаг ивдтытæ парламент дыккаг кастæй райста
Парламент Еврокомиссийы рекомендацитæм гæсгæйæ, æфвзарæнон кодексмæ бахæссинаг ивдтытæ дыккаг байхъуыстæй 88 хъæлæсæй райста.
Æвзарæнон реформæимæ сразы сты «Гуырдзиаг Бæллицц», «Лело», «Гирчи», парти «Æмбæстæгтæ», Европаг Социалисттæ», «Реформæты Къорды» æртæ уæнгæй, аст æнæфракци депутат. «Националон Змæлд» «Стратегиа Агъмашенебели» æм парти «Гуырдзыстоны тыххæй», хъæлæскæнынады хайад нæ райстой.
Евроцæдисы 12 рекомендацийæ, дыккаг пункт сыххæст кæнынæн, «Гуырдзиаг Бæллицы» бацæттæгонд проекты дыккаг хъусыны рæстæджы, æмтгæй райсгæйæ 20-ы онг ивд бацыд. Уыдонæй 13 ног æвзарæнон реформæйы OSCE/ODIHR-ы æмæ Венецийы Комиссийы рагагъоммæ хатдзæгы бындурыл фæзындис.
«Гуырдзиаг Бæллиццы» æмæ кусæн балты фæхицæнгонд оппозициимæ («Лело», Стратегиа Агъмашенебели» æмæ «Националон Змæлд») дыууæ æхгæд фембæлды фæстиуæгæн, æрныхас кодтой дæс фарстайы фæдыл, кæцытæ проекты нырид бавдыст сты.
Оппозицийы æркуырды бындурыл, проектмæ ноджы иу бараст бацыд æмæ æвзарæнон комссийы партион уæнгтæн сертифицирдзинад æнæмæнгхъæугæ нал уыдзæн.
Еврокомиссийы 12 рекомендацимæ гæсгæ бакуыст «æвзарæнон кодексыл» кусын парламент райдыдта 26 сентябры.