Æввахс бонты Гуырдзыстоны иуæй-иу районы къæвда боныгъæд у æнъхæлмæкæсинаг
Æрдзы националон агентады хъусинагæй, Тбилисы 5-6 августы æнхъæлмæкæсинаг у фылдæ хурджын боныгъæд. 7 августы гæнæн ис бонæй, сфиксир уа цыбырæмгъуыдон къæвда арвнæрдимæ. Уæлдæфы температурæ +32,+34 градус уыдзæн.
Донбыл районты (Батум, КОбулет, Анаклиа, Поти) 5-6 августы фылдæр хурджын боныгъæд лæудзæн, æрмæст 7-8 августы – рæстæгæй-рæстæгмæ цыбырæмгъуыдон къæвда арвнæрдимæ. Уæлдæфы температурæ бонæй +30, +32 градус уыдзæн.
Кахеты (Сагареджо, Телау, Гурджаан, Сигънагъ, Лагодех, Хъуарел, Ахмета, Дедоплисцъхъаро) 5-6 августы фылдæр хурджын боныгъæд лæудзæн, æрмæст 7-8 августы æнхъæлмæкæсинаг у цыбырæмгъуыдон кæъвда арвнæрдимæ. Уæлдæфы температурæ +30 +33 градус сфиксир уыдзæн.
Хурыскæсæн Гуырдзыстоны уæлхох регионты (Ахалцихе, Борджом, Душет, Тианет, Пасанаур) æнхъæлмæкæсинаг у цыьбырæмгъуыдон къæвда арвнæрдимæ. Бонæй сфиксир уыдзæн температурæ +27, +32 граудсы.