Æртæ цауы Лугары лаборатори вирусы генетикон хаххы фæрцы рабæрæг кодта, кæцы бæстæимæ уыд баст фæрынчыны цау
Низты контролы центры директоры хæдивæг Паата Имнадзе хъусын кæны, цæмæй коронавирусæй фæрынчыны æртæ цауы, Лугары лаборатори вирусы генетикон хаххы фæрцы рабæрæг кодта, цæмæй кæцы бæстæимæ уыд баст уыцы цау. Уый фæдыл Паата Имнадзе коронавирусы фæдыл архайæг æхсæнуагдонон координацион советы рабадты фæстæ, хицауады администрацийы лæвæрд пресс-конференцийлы райхъусын кодта.
Журналистты фарстыл, зæгъгæ рабæрæг ис æви нæ Марнеулы цауы инфицирдзинады гуырæн æмæ ацы процессы баст сты æви нæ хъомысджын уагдæттæ, Паата Имнадзе банысан кодта, цæмæй зæгъгæ куы бахъæуы, уæд сын алы уагдон дæр æххуыс кæны.
«Инфекцийы гуырæнмæ цы хауы, уый тыххæй зæгъдзынæн, цæмæй цæуы активон куыст. Хæдæгай тынг цымидисон у уый æмæ, цалдæр цауы, инфекцийы бæлвырд гуырæн куы нæ зыдтам, уæд æрцыд секвенирдзинад. Лугары центрмæ ис фадат, вирусы генетикон секвенс скæнын. Нырид æртæ цау ис, куы ницы зыдтам вирусы бæлвырд гуырæны тыххæй. Адæймаг дзырдта, цæмæй йын уыд фембæлдтæ æндæр æмæ æндæр бæстæты минæвæрттимæ æмæ æртæ дæр цауы бахъом стæм вирусы генетикон хаххмæ гæсгæ рабæрæг кæнын, цæмæй кæцы бæстæимæ уыд баст.
Афтæмæй, уый дарддæр кæндзæн. Хъыгагæн, иуæй-иу бæстæйы генетикон хаххытæ нырма æвæрд не сты Дунейы базæты. Уый фадат алы бæтæмæ нæй. Махæн уый фадат уыд æмæ сарызтам. Дæнцæн Ираны хаххытимæ комкоммæ абарæн нын нæй, уымæн æмæ Иран нæ бавдыста сæ вирусы генетикон хаххытæ æмæ Канадæйы ирайнаг куы фæрынчын ис, уыцы генетикон хаххимæ йæ абарстам. Афтæмæй, сбæлвырд кодтам, цæмæй æцæгæй дæр Иранæй æрбацæугæ уыд ацы вирус», – райхъусын кодта Паата Имнадзе.