Æрдзы Националон Агентад – Сау Денджызы доны гъæды мониторинг дæс боны мидæг иу хатт, фараст станцæйыл сыххæст уыдзæн, фæстиуджытæ æхсæнадæн бæрæг суыдзысты иртасæны фæуды фæстæ
Æрдзы националон агентад Сау денджызы доны гъæды мониторингы фæдыл фидиуæн публикаци кæны.
Фидиуæны куыд дзырдæуы афтæмæй, Сау Денджызы доны гъæды мониторинг дæс боны мидæг иу хатт фараст станцæйыл сæххæст кæндзысты æмæ æхсæнадæн фæстиуджытæ иртасæны фæуды фæстæ базонын кæндзысты.
«Бæрзонд æхсæнадон интерестæм гæсгæйæ, æрзы хъахъхъæды æмæ хъæууон хæдзарады министрады æрдзы националон агентад Сау Денджызы доны гъæды мониторинг дæс бон мидæг иу хатт, фараст станцæйыл сыххæст кæндзæн. Иртасæны фæстиуæгæн денджызы сæйраг физикон-химикон параметртæ цæхджындзинад хынцгæйæ, афтæма биогенон элементтæ æмæ æндæр бæрæггæнæнтæ. Ист хуызæгтæ анализмæ æрвыст уыдзысты æрдзы националон агентады атмосферон уæлдæфы, доны æмæ мæрсыджыты анализы лабораторимæ, кæцы æххæстæй æмбæлон у нырыккон стандарттæм. Лаборатори ифтонггонд у бæрзонд дырысады аналитикон техникæйæ æмæ аккредитацигонд у ISO-ы 1705 стандартмæ æмбæлгæйæ. Райсгæ фæстиуджытæ æхсæнадæн лабораторион иртасæны фæстæ базонын кæндзыстæм», – дзырдæуы фидиуæны.