Æрдзы националон агентад æнхъæлмæкæсинаг  боныгъæды фæдыл рагфæдзæхст дæтты цæрджытæн
Æрдзы националон агентад æнхъæлмæкæсинаг боныгъæды фæдыл рагфæдзæхст дæтты цæрджытæн

Æрдзы националон агентад æнхъæлмæкæсинаг  боныгъæды фæдыл  цæрджытæн рагфæдзæхст дæтты.

Агентады информацийы  куыд у банысангонд афтæмæй, 9-11  январы Гуырдзыстоны  æнхъæлмæкæсинаг  сты дæлдзырæттæ,  хохы æмæ уæлхох  рæтты  митуард, ранæй-ран тыхджын (10-11 январы гæнæн ис  митуарын хурыскæсæн  Гуырдзыстоны    ныллæг  зонæты дæр фæбæрæг уа) мигъ,  тымыгъ,  фæндæгтыл  кæлæх  æмæ  зæййы азар.  Денджызыл  гæнæн ис  3-4  баллы  тыхы шторм.

«Стыр миты,  цæст дзæбæх кæй не взардзæн уый тыххæй, афтæма  тымыгъы, кæлæхы æмæ  зæййы азары тыххæй  автомобилон фæндæгты  хицæн фадгуытыл  гæнæн ис арæнæврд уа  транспорты змæлд.

Æнхъæлмæкæсинаг дæлдзырæттæ  ныгуылæн Гуырдзыстоны цæугæдæттыл гæнæн ис,  доны  бæрзæнды нысаниуæгджын  рæзт, æрмæст къуыппытæ рæтты та  сыджыт-лæсæнон процессты сæвзæрд-активаци  расайа», – банысангонд у  æрдзы националон агентады информацийы.