Æрдзы националон агентад – Гуырдзыстоны 26 июлы онг рæстæгæй-рæстæгмæ уардзæн кæъвда хурыскæсæн Гуырдзыстоны ранæй-рæтты гæнæн ис ихуарын
26 июлы онг Гуырдзыстоны рæстæгæй-рæстæгмæ уардзæн кæъвда арвнæрдимæ, хурыскæсæн Гуырдзыстоны ранæй-рæтты гæнæн ис ихуарын, – уый фæдыл информаци хъусын кæны æрдзы националон агентад.
«26-27 июлы хурныгуылæн Гуырдзыстоны хурджын боныгъæд у æнхъæлмæкæсинаг, уæлдæфы температурæ та 27 июлы гæнæн ис +37, +39 градусмæ ахæццæ уа. 28 июлы та фæстæмæ рауардзæн къæвда æмæ уазалгомау температурæ æрлæудзæн. Хурыскæсæн Гуырдзыстоны 29 июлмæ ранæй-рæтты уардзæн. Уæлдæфы температурæ +30, +35 градус уыдзæн.
Тбилисы 25-26 июлы æнхъæлмæкæсинаг у цыбырæмгъуыдмæ кæъвда арвнæрдимæ. Уæлдæфы температурæ боны сахатты +33, +35 градус уыдзæн. 28 июлы та тæвд æмæ дымгæджын боныгъæд уыдзæн», – банысангонд у æрдзы националон агентады информацийы.