Æрдзы националон агентад цæрджытæн рагфæдзæхст дæтты - 23-25 сентябры æнхъæлмæкæсинаг у цыбырæмгъуыдон къæвда, ранæй-рæтты тыхджын, ихуарын, уады фæтынг, денджызыл 3-4 баллы шторм
Синоптикты прогнозæй 23-25 сентябры Гуырдзыстоны фылдæр районты æнхъæлмæкæсинаг у цыбырæмгъуыдон къæвда, ранæй-рæтты гæнæн ис тæркъæвда уа, арвнуæрд, ихуарын, уады фæтынг æмæ денджызыл 3-4 баллы йас шторм.
Уый фæдыл информаци æрдзы националон агентад хъусын кæны.
«Æнхъæлмæкæсинаг фидар дæлдзырæттæ гæнæн ис Гуырдзыстоны чысыл цæугæдæттыл донивылдтытæ расайа, æрмæсты къуыппытæ рæтты æмæ уæлхох зонæты сыджыт-лæсæнон процессты сæвзæрд активаци ( азары æмвæз астæуукаг)», – банысангонд у æрдзы националон агентады информацийы.