Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккагы Куадзæнон эпистолæ
Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриархы, Мцхета-Тбилисы сæйрагепископы, Бичъвинта æмæ Цхум-Абхазы митрополиты,
Илья Дыккагы
Куадзæнон эпистолæ:
Ранæуæгы æмæ фервæзты, царды æмæ цины, ныфсы æмæ Хуыцаумæ сабырдзинад æрхæссæг ацы стыр бон, цæй зæгъын æй хъæуы æгъуыз кæны уыцы фыдбон, кæцы ныр нæ бæстæ æмæ æппæт дуне куы æрыййæфта.
Æнахуыр уавæр æрлæууыд, адæймæгтæ, иуы æрдгæй, ссиу сты цардæн тæссаг иумæйаг тасы ныхмæ æмæ аы рæстæджы, сæхи сæхгæдтой сæрмагонд бæстæты, сæ горæтты æмæ хъæуты, сæрмагонд хæдзæртты. Фæзындис сæм фадат ахъуыды кæнын æмæ рахатыдысты уыцы реалондзинад, ома бирæ цыдæр бынтон æрбайсæфта йæ нысаниуæг, знон иттæг нысаниуæгджын цы нымадтой ахæм. Уый адыл раззаг пъланмæ ралæууыд ардæмадтæ, раздæр къаддæр хъусдард цæуыл уыд ахæм. Уымæй уæлдай ма, паддзахадтæ хæдифтонгады æнæмæнгхъæуындзинад ауыдтой æмæ æндæртыл бастдзинад ныр пайдаджын кæй нал у уый.
Алы бæстæйæн, сæ нымæцы Гуырдзыстонæн дæр, сæйраг рардæй ссис бынæттон амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады сæндидзын кæнын.
Хъуамæ загъдæуа уый дæр æмæ ног вирусы проблемæ планетæйы цæрджыты фылдæр хайы æхсæн стыр тас сæвзæрын кодта æмæ сæ бакаст Хуыцауы æрдæм раздæхта.
Ма хъуамæ фæтæрсæм абон фыдæбонæй, чырыстон проблемæты райсы арфæгæнгæйæ æмæ алцæй мидæг дæр уыны Хуыцауы бар, æмæ афтæмæй архайы уæвæг уавæрæй рацæуæн бацагурын.
Хуыцауы руаджы, Гуырдзыстоны аргъуанмæ цæуæг адæмимæ иумæ аргъуаны куывд урæд не рцыд, нæдæр Куадзæны æхсæв. Хауыцауы руаджы, дохтырты æххуысæй хицауады архайдæй æмæ цæрджыты стыр бæрнæй, пандеми махмæ стыр проблемæтæ нæ расайдта. Хуыцау зæгъæнт æмæ зындзимнæдтæ фидæны дæр куыд ма сæвзæрой æмæ Гуырдзыстон æмæ Дуне дæр куы фервæза ацы мастæй уыцы амонд нын уæнт.
Нæу мæ бон бузныг ма зæгъон нæ адæмæн, кæцы æгъдау диссаджы хъахъъæнгæйæ æмæ рекомендацигон нормæтæй, уазалы, дымгæйы, къæвдайы рæстæджы дæр, сæхи нæ иуварс кодтой куывдмæ æрбацыдæй æмæ сахатгай лæууыдысты æддæйæ.
Райгасуæвæг Цардæттæг уын фарн æмæ цин куыд схорзæх кæнæт сымах æмæ уæ бинонтæн уыцы амонд уæ уæнт!
Фæнды мæ афтæдæр раарфæ кæнын уыцы карджын æмæ тыхсаст адæмæн, чидæриддæр сæ хæдзæрттæй махимæ иумæ куывдтой æмæ кувынц ныр дæр.
Арфæ кæнын Абхаз æмæ Цхинвалы Регионы цæрджытæн!.
Арфæ кæнæм фæсарæнты уæвæг нæ аргъуанархайæг уæнгтæн æмæ æмбæстæгтæн, зонут, дæрццæг æмæ арæнтæ нæ кæрæдзийæ нæ адард кæндзысты, мах арфæ кæнæм сымахæн, сымах та арфæ кæнут махæн æмæ афтæмæй стæм иумæ.
Чырыстийы Райгасы Æрттивгæ бæрæгбон афтæдæр арфæ кæнын, бердзейнæгтæн, украинæгтæн, уырыссæгтæ, сомихæгтæн, дзуттæгтæн, азербайджайнæгтæн, удинæгтæн, йезидтæн, курдæгтæн, мæхъæлæн, черкесæгтæн, цæцæйнæгтæн, лекъæгтæн, Гуырдзыстоны алы цæрæгæн æмæ нæ арæнты æддæйæ нæ æмбæстонтæ чи сты уыдон æппæтæн дæр.
Арфæ кæнæм алы Чырыстонæн æмæ Чырыстийы номæн чи кад кæны алкæмæн!
Чырысти Райгас!
Æцæгæй Райгас! Гуырдзыстон, тынг дæ Уарзын!
Уарзондзинадæй сымахæн кувæг,
Илья II
Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх.