Æнахъомты марындзинады хъуыддагыл абон фондз æвдисæны æрфæрсдзысты
Æнахъомты марындзинады хъуыддагыл абон фондз  æвдисæны æрфæрсдзысты

Хоравайы   уынгыл   æрцугæ марындзинады  хъуыддагыл паддзахадон  зылыныгæнæг  фарсы  бæлвырдгæнæнты бацахуыр,  æнхъæлцау  абон фæуыдзæн, цæй фæстæ дæр   иргъæвæг фарсы  бæлвырдгæнæнты  бацахуыр райдайдзæн.

Абоны   рабадтыл   прокуратурæ   æрфæрсдзæн 5 æвдисæны.   Сæ нымæцы  иуы,   ацы  хъуыддагыл  зылынджын кæнынц фыдракæнды  басусæг кæныны  æмæ  уæвы развæлгъау  ахсты.

Афтæдæр æрфæрсдзысты  æнахъомты,  кæцытæ  цауы бынатыл  нæ уыдысты, фæлæ æрцæугæ  конфликты   фæдыл,  прокуррор  куыд  дзуры  афтæмæй,  уыдис  сæм нысаниуæгджын информаци.

Уымæй  уæлдай ма, æрфæрсдзысты  æвдисæны,  кæцы  фæцæф кæныны  фæстæ  цауы  бынатмæ бацыд  æмæ   иуæй-иу  фæмардуæвæгы  федта.