Куыд парахат кæны COVID19 æмæ куыд хъуамæ бахъахъæнæм нæхи уымæй?
COVID19 ног коронавирусты расайгæ инфекцион низ у.
Адæймæгты æхсæн низ ахæлиу вæййы фылдæр æртæхты фæрцы, кæцы æртæхтæ инфициргонд адæймагæй кæлынц, дзургæйæ, хуыфгæйæ кæнæ та æрæхснырсты рæстæджы.
Ацы æртæхтæ гæнæн ис хæстæг лæууæг адæймагæн, йæ дзых кæнæ йæ фындзы бахауой. Æртæхтæ уæлдæфы дард нæ апырх вæййынц – 1 метрæй дарддæр, уыдон тагъд æрхауынц æндæр æмæ æндæр уæлцъарыл.
Растдæр уый тыххæй у, цæмæй низ адæймæгты æхсæн фылдæр хæстæг контакты рæстæджы апархат вæййы.
Цас рæстæг фæразы вирус уæлцъарыл удæгасæй баззайын, уый абоны онг нæу бæрæг.
Уымæ гæсгæйæ дæр, нысанæмрæст у уæлцъар регуляронæй дезинфекци. Сæрмагондæй та COVID19-æй инфициргондтæм хæстæг.
Нæ къухтæй бирæ уæлцъармæ бавналæм, кæцы гæнæн ис æмæ вирусæй ифициргонд уа. Уый тыххæй дæр, нæхи хъуамæ бахизæм къухтæй æвналын цæстмæ, фындзмæ кæнæ дзыхмæ, цæмæй нæхи бахизæм организммæ вирус бахæссынæй.
Хуыфæджы кæнæ æрæхснырсты рæстæджы, рæмбыныкъæдзæй бамбæрзут уæ цæсгом æмæ спайда кæнут иухаттон фындзы кæлмæрзæнæй. Уый фæстæ йæ æнæаргъæвгæйæ ныппарут, æмбæрзæнджын бырондонмæ.
Ног коронавирусы апарахт маруадзынæн сегасæй эффективон у къухты арæх æхсын дон æмæ сапонæй кæнæ алкоголджын дезинфекцион хосæй. Афтæмæй дзы уæхи бахиздзыстут вирусæй фæрынчынæй, æгæрыстæмæй кæд уæ къухыл бафтыдис уæд дæр.