Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад - регионты цæрæг сывæллæттæн æрдзæй лæвæрд зæрдæнизы хос кæнын финансгонд æрцæудзæн Женевæйы университетон рынчындоны
Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад - регионты цæрæг сывæллæттæн æрдзæй лæвæрд зæрдæнизы хос кæнын финансгонд æрцæудзæн Женевæйы университетон рынчындоны

Регионты цæрæг сывæллæттæн æрдзæй лæвæрд зæрдæйы хъæндзинады низы  хос кæнын финансгонд æрцæудзæн Женевæйы университетон рынчындоны. Уый фæдыл информаци парахат  кæны æнæниздзинадхъахъхъæды министрад.
Уагдоны  информацимæ гæсгæ, 2026-æм азæй райдайгæйæ, «Рефералон службæйы» паддзахадон программæйы фæлгæтты финансгонд цæудзысты уыцы операцитæ, кæцытæн ацы этапыл Гуырдзыстоны нæй гæнæн сæххæст кæнын æмæ фæсарæнты рекомендаци кæнынц профилон медицинон къамис æмæ фадыджы специалисттæ.
«Хос кæнын цæудзæн Женевæйы университетон рынчындоны, спайда кæнгæйæ нырыккон бæрзондтехнологон кусæнгæрзтæй æмæ æмбæлон квалификациджын медицинон персоналы хайадистæй.
Уæлдæрбанысангонд фарстайы фæдыл, æнæнизхъахъхъæды министр Михаил Сарджвеладзе Швейцарийы кусæг педиатрион кардиохирургимæ, Женевайы университетон рынчындоны педиатрион кардиохирургийы хайады медицинон директор Торнике Сологашвилиимæ фембæлд.
Банысангонд æрцыд, зæгъгæ, Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады бастдзинад «Сывæллæтты зæрдæйы хирургийы конвенцийы» нысаниуæгджынæй фæуæрæхдæр кодта программæйы географион фæзуат æмæ лæггадæй пайда кæнын скодта 18 азы онг кæуыл цæуы, уыцы сывæллæттæн, кæцытæ сты регистрацигонд æппæт бæстæйы. Фембæлдыл бахахх кодтой, цæмæй уæлдæр банысангонд программæ Тбилисы мэрийы æрдыгæй 2022 азæй æнтыстджынæй æххæстгонд цæуы æмæ хауы Тбилисы регистрацигонд 18 азы онг кары адæймæгтæм. «Ацы æнтыстджын практикæ æрæвæрдта бындур программæ дарддæр парахат кæнынæн æнæхъæн бæстæйы масштабæй», — дзырдæуы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады хъусинаджы.