Æнæаргъæвгæ медицнон æххуысы автопаркмæ лæвæрд æрцыд 60 ног хæдтулгæ [фото]
Уæлвæтк уавæрты координацийы æмæ æнæаргъæвгæ æххуысы центры автопарк ноджы иу хатт ранæуæг ис.
Тбилисы Фыццаг Республикæйы Фæзыл, оккупацигонд территоритæй лигъдæтты, куысты, æнæниздзинад æмæ социалон хъахъхъæды министр, Экатерине Тъикъарадзе, Тбилисы мэр Каха Каладзе æмæ уæлвæтк уавæрты координацийы æмæ æнæаргъæвгæ æххуысы центры директор Автандил Талакъвадзеимæ иумæ, тагъд медицинон æххуысы автопаркы ранæуæгимæ баст презентаци ауагъдта.
Æнæнизхъахъхъæды министрад центрæн æхсæнадæмон стандарттæм æмбæлон 60 хæдтулгæ алæвæрдта. Уыдонæй 45 сты тагъд медицинон æххуысы автомобилтæ, æрмæст 15 та а.х. «офроуд» типы реаномобильтæ, кæцыйæ пайда кæндзысты критикон пациентты медицинон уагдæтты æхсæн транспортацийы рæстæджы. Фæнысангонд хæдтулгæтæ Тбилис æмæ регионтыл райуардзысты.
Центры автопаркъы ранæуæг 2014 азы октябрæй райдыдта æмæ абоны бонмæ, автопаркы æдæппæт 362 хæдтулгæ раивдтой.