Æмбæстагон Авиацийы Агентад уыцы аэропортты ранымад публикаци кæны, кæцыты æрдæм сног уыдзысты комкоммæ рейстæ фыццаг ноябрæй
Æмбæстагон Авиацийы Агентад уыцы аэропортты ранымад публикаци кæны, кæцыты æрдæм сног уыдзысты комкоммæ рейстæ фыццаг ноябрæй

Æмбæстагон авиацийы  агентад  уыцы аэропортты   ранымад публикаци кæны, кæцыты  æрдæм аивдзысты  регулярон  уæлдæфон  змæлды  сæххæстыл  архайæг арæнæвæрдтæ  æмæ   гæнæн уыдзæн  комкоммæ  тахтытæ  сног кæнын.

Сæрмагондæй та  2020 азы  1  ноябрæй, арæнæвæрдтæ  аивдзысты  уыцы комкоммæ  регулярон  æхсæнадæмон рейстыл, кæцытæ сæххæст уыдзысты   Тбилисы æхсæнадæмон  аэропорт æмæ  ацы аэропортты æхсæн:  Доха, Варшава, Афинæтæ, Амстредам, Венæ, Берлин æмæ Милан.

Арæнæвæрд афтæдæр ивд цæуы  Кутаисы æхсæнадæмон аэропорты æмæ ацы  аэоропортты æхсæн плангонд регулярон рейстыл:  Катовице, Вильнюс, Дортмунд.

«Æрнымадæрдæмадтыл регулярон  рейсты  сног кæныны   конкретон  датæты, тахты арæхад  æмæ ранывæзты  фæдыл   деталон  информаци,  æмбæлгæ  авиакомпанитимæ техникон   консультациты æмæ æмбæстагон авиацийы  агентады, оперир кæныны  барлæвæрды  фæстæ  суыдзæн  бæрæг», – дзырдæуы   æмбæстагон авиацийы  агентады ахæлиугонд фидиуæны.