Æхсæз бæстæйæ, сæ нымæцы Гуырдзыстон, иумæйаг куырдиат хæлиу кæнынц æмæ хъырымаг тæтæйрæгты ныхмæ  репресситæ фауынц
Æхсæз бæстæйæ, сæ нымæцы Гуырдзыстон, иумæйаг куырдиат хæлиу кæнынц æмæ хъырымаг тæтæйрæгты ныхмæ репресситæ фауынц

Æхсæз бæстæйæ, сæ нымæцы Гуырдзыстон, хъырымаг тæтæры ныхмæ  репресситæ фауынц –  уый  фæдыл   дзырдæуы  Гуырдзыстоны, Украинайы, Польшæйы,  Латвийы, Лиетувæйы æмæ Эстонийы   фæсарæн хъуыддæгты министрты иумæйаг  куырдиаты, кæцы  хъырымаг  тæтæйрæгты депортацийы  76  азы сæры фæдыл райстой.

Иумæйаг куырдиаты  банысангонд у, цæмæй   Советон хицауады, историон цæрæн территорийæ  Хъырымæй,    хъырымаг тæтæйрæгты, Узбекистаны, Хъазахстаны æмæ Уæрæсейы   дард районтæм,  фыдгæнæгон депортацийы  фæстиуæгæн,  зæгъæн ис депортацигонд адæймæгты æрдæг фæмард. Иннæтыл ты  цыдис нысанон, культурон  æмæ  æвзагон  ассимиляци æмæ  1989  азы онг   сæм нæ уыд Хъырыммæ  æрыздæхыны бар.

Æхсæз бæстæйы фæсарæн хъуыддæгты  министртæ  банысан кодтой,  цæмæй хъырымаг тæтæйрæгты трагеди  2014  азы  рафæлхат  ис   Уæрæсе Хъырымы  оккупаци  кæй  скодта  уый фæстæ.

«Æнæнхъæлæджы нæу, цæмæй  Уæрæсе   Сталины   тоталиторон режим кадджын кæнынæй, 21  æнусы  дарддæр кæны  йæ  фыдгæнæгон  политикæ  рæстæгмæ  оккупацигонд Хъырымы:  уый у  хъырымаг тæтæйрæгты Меджлисы  тобæ, систематон   репресиитæ,  уыцы  хъырымаг  тæтæйрæгты сурын æмæ  барты халын, кæцытæ  Украинайы   территорион æнæхъæндзинады  ныхмæ  Уæрæсейы  гарзджын  агрессийы  ныхмæ  слæууыдысты.  Уый  æппæты  тыхæй  мингай хъырымаг тæтæйраг, Хъырымы  цæрджыты, тыхыбын бакодта нсæрмагонд  хæдзæрттæ ныууадзын  æмæ   Украинайы  контролгонд  хаймæ  ахизын» – банысангонд у  дипломатты иумæйаг  куырдиаты.

Фæсарæн хъуыддæгты министртæ  депортацийы амæттæгты  ном уарынц æмæ  хъырымаг тæтæйрæгтæн сæрмагонд барты  тыххæй  тохы   æххуысы  ныфс  дæттынц.  Афтæма  фауынц   Уæрæсейы  агрессивон  политикæ Украинайы æрдæм æмæ   хъырымаг тæтæйрæгты  ныхмæ  ног репресситæ.

«Хъусын кæнæм Уæрæсейæн,  бауромæт  æхсæнадæмон  барады  фундаментон принциптæ  халын,  кæронмæ сæххæст кæнæти  ИНО-йы   генералон  ассамблейы  резолюцитæ  Хъырымы  автономион  республикæйы æмæ  горæт Севастополы  адæймæгты  барты æрдгæй  сæвзæргæ  ситуацийы  фæдыл æмæ æхсæнадæмон  дзыллæйы  æркуырдтæ  Хъырымы   автономион Республикæйы æмæ  горæт Севастополы деоккупаций        фæдыл.   Цыфæнды  архайдтæ кæнæт Уæрæсе  æрдæгсакъадахы  оккупаци легитимаци скæнынæн,  факт у бæлвырд: Хъырым  у  Украина», – дзырдæуы æхсæз  бæстæйы  фæсарæн хъуыддæгты министрты  куырдиаты.