Æхсæнадон Уацхæссæг æрсидтис æхсæнадæмон организацитæм, хъус бадарой рад политикон субъектты фидиуæнтæм æмæ баиргъæвой демокративон институцитæ æмæ дзырды сæрибардзинад
Æхсæнадон медийы сæйраг функци у, объективон æмæ балансгонд информацийы хæлиу кæнын, закъонæй бæрæг хæстæ æххæст кæнын æмæ æхсæнады интересы хъахъхъæнын. Гуырдзыстоны Æхсæнадон Уацхæссæджы редакцион принциптæ, æндæр æмæ æндæр политикон интересты къордтæн æххуысыл нæ фæлæ Европаг æхсæнадон медийы, зæгъæн ис æнусон фæлтæрддзинадыл сты бындурæвæрд.
Сæрмагонд нысаниуæг исы уыцы аууæлдæр, æмæ хæдбар Æхсæнадон Уацхæссæгы, куыд институты роль æмæ нысаниуæг, бæстæйы бæрзонддæр закъоны – Гуырдзыстоны конституцийы у фыст.
«Европæ хъуамæ баиргъæва сæрмагонд сæрибар мадиа, кæд æй демократийы бахъахъхъæнын фæнды уæд « – ацы ныхæстæй схатдзæг ис Европаламенты хъусын темæйыл, «Хæдбар паддзахадон лæггады медийы нысаниуæг демократийæн Европæйы». Афтæма банысан ис, цæмæй «Евроцæдисы приоритетæй хъуамæ суа сæрибар медийы æмæ хæдбар Æхсæнадон Уацхæссынады хъахъхъæнынад».
Гуырдзыстоны Æхсæнадон Уацхæссæджы редакцион политикæ бæстæйы европаг курсмæ æмбæлон у, растдæр уый тыххæй зæрхсайдд сидынц рад æвзарæнон субъектты фидиуæнтæ, кæцытæ медимæ бырстыл æмæ журналистты æхсæн тас уадзыны архайдыл цæуынц нымад.
Æхсæнадон Уацхæссæг ккурæг у алы политикон тыхæй, сæрмагондæй та, разæвзарнон периоды, максималонæй арæхсгай уой Уацхæссæджы редакцион хæдбарадмæ.
Бæстæйы, поляризацигонд уавæр куы лæууы куыд политикон –афтæ медиа тыгъдады дæр, уыцы рæстæджы,Æхсæнадон Уацхæссæг у уæлвæтк æмæ хъахъхъæны нейтралон позици. Растдæр ацы уавæртæм гæсгæйæ, Æхсæнадон Уацхæссæг дæтты дзуапп Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы ныхмæ уагъд кампаниæн æмæ æнæмæнгхъæугæйыл нымайы, æхсæнадæмон организацитæм баздæхын æмæ сæ ракурын, цæмæй цæст бадарой рад политикон субъектты аргълæвæрдтæн, сæ фидиуæнтæн æмæ сæ сæрыл рахæцой демокративон институцитæн æмæ дзырды сæрибарæн.
Фæнысангонд гом фыстæг æрвыст цæуы æхсæнадæмон организациты минæварадтæм Гуырдзыстоны, дипломативон корпусмæ, Европæйы Уацхæссджыты Цæдисмæ æмæ Адæмон барты хъахъъхæнæгмæ.