Æхсæнадон Уацхæссæджы разæвзарæнон мониторингы хыгъдлæвæрд (13 августæй 30 октябр хынцгæйæ)
Æхсæнадон Уацхæссæг публикаци кæны æвзæрстыты агъоммæ мониторингы хыгъдлæвæрд (13 августæй 30 октябр хынцгæйæ).
Æхсæнадон Уацхæссæг 13 августæй 30 октябр хынцгæ периоды æххæст кодта 2021 азы муниципалитеты минæварадон органы – сакребулойы æмæ хæдуынафæгæнæг горæтты мэры æвзæрстыты срухскæныны мидмониторинг.
Мониторинг æххæссыд Фыццаг Каналы æмæ Гуырдзыстоны Радиойы информацион алæвæрдтæм. Мониторингы нысан уыдис мониторингы субъекттæн лоæвæрд рæстæгы нымæцон бæрæггæнæнтæ бахыгъд кæнын.
Хыгъдлæвæрды бавдыст у:
Рухсгонд темæты нымæцон бæрæггæнæнтæ;
Æвзарæнон субъекттæн лæвæрд рæстæг, хронометражы æмæ тонмæ гæсгæйæ;
Æнæвзарæнон субъекттæн лæвæрд рæстæг;
Субъекты срухс кæнын æрдмæ гæсгæйæ;
Æвзарæнон субъектæй æнæфидгæ рекламон рæстæгæй фæлхас кæнын.
Мониторинг цыдис специалонæй арызт программæйы фæрцы, алкæцы ныффыстыл телеалæвæрды/сюжеты дæнцмæ гæсгæйæ, æрмæст рухсгонд информацийы бакуыстыл архайдтой æндæр æмæ æндæр платформæты æмæ алæвæрдты спецификæмæ гæсгæйæ тренингтæ ацæугæ мониторитæ.
Мониторингы программæ дæтты фадат, кæцыфæнды рæстæджы сбæрæг кæнын хыгъдлæвæрды бавдыст бæрæггæнæнтæ.