Æхсæнадон Уацхæссæджы генералон директор, Тинатин Бердзенишвили Уацхæссæджы ног организацион структурæ бавдыста, кæцы йæ тыхмæ абонæй бацыд.
Æхсæнадон Уацхæссæджы структурæйы ис цыппар блок: Ног æмæ цæугæ хабæрттæ, медиа, техникæ æмæ технологитæ, финанстæ æмæ администраци.
Ног æмæ цæугæ хабæртты блок, кæцыйæн къухдариуæг кæны Гиорги Гвимрадзе, кусы Уацхæссæджы информацион политикæйы реализацийыл. Сæрмагондæй та, дзыллæ объективон информацийæ ифтонг кæнын Гуырдзыстон æмæ йæ арæнты æддæйæ цæугæ фæзындты фæдыл, дзыллæйæн ахсджиаг фарстатыл æмæ æнд.
Гиорги Гвимрадзе фæцис Тбилисы Паддзахадон Университеты политикон зонæдты бакалавриат æмæ магистратурæ (дипломмæ куыст темæйыл: «Гуырдзыстоны бынат æмæ роль нырыккон глобализацийы процессы»); хайад исы, гуырдзиаг-уырыссаг, гуырдзиаг-абхазаг æмæ гуырдзиаг-ирон æмбæстагон диалогы процессты.
Æхсæнадон Уацхæссæджы генералон диреткор Тинатин Бердзенишвили Медийы блокы къухдариуæгы бынатмæ бавдыста Русудан Манджгаладзейы. Медийы блок у Уацхæссæджы структурон иуæг, кæцыйы мидæг иу кæны Фыццаг Канал, Телескъола, Радио 1, Радио 2, телефильмтæ, цæттæ продукцийы балхæды æмæ тæлмацы куыст, архив. Медийы блокъ кусы, программон приоритеттыл, Уацхæссæджы стратеги æмæ уацхæссынады политикæйыл, афтæма иртасæнты бындурыл, уацхæссынадон хызаг бацæттæйы æмæ сбæлвырд кæнынмæ бавдисынæн.
Русудан Манджгаладзе ацы афонмæ уыдис Æхсæнадон Уацхæссæджы телеуынынадон каналты къухдариуæггæнг. Уæдмæ та уыдис Æхсæнадон Уацхæссæджы Фыццаг Каналы генералон продюссер. Журналистон куыст райдыдта 1999 азы алæвæрд «Алиони»-ы, æнæштат корреспондентæй. Азты дæргъы куыста журналистæй, акæнæгæй æмæ продюссерæй Æхсæнадон Уацхæссæджы æндæр æмæ æндæр алæвæрдты. 2005-2008 азты куыста телекомпни «Имеди»-ы.
Техникæ æмæ технологиты блок, кæцыйæ къухдариуæг кæны Гиорги (Гоча) Кумсиашвили, ифтонг кæны Уацхæссæджы техникон æмæ технологион куыст, афтæ ма цæттæ кæны алæвæрдтæ/проекттæ æмæ уымæ гæсгæ дæр, сæ эфирмæ ауадзыны нысанæн, уыдоны техникон/инфраструктурон æмæ æмбæлгæ адæймагон ресурстæй ифтонгад æмæ æнд.
2018 азæй у Гуырдзыстоны Æхсæнадон Уацхæссæджы кондадон æмæ техникон ифтонгад директор; уыдис Силкмедиа (GMG TV) техникон директор, уацхæссæгон компани «Рустави 2»-ы техникон директор, Гуырдзыстоны зонæдты академийы геофизикæйы институты ахуыргонд-кусæг, Гуырдзыстоны зонæдты академийы кибернетикæйы институты ахуыргонд-кусæг æмæ æнд.
Финансты æмæ администрацийы блок, кæцыйæн къухдариуæг кæны Нодар Чъичъинадзе, ифтонг кæны Уацхæссæджы бюджеты проекты цæттæ кæнын йæ дарддæры сфидар кæныны нысанæн, бюджеты сыххæст контроль, мониторинг æмæ анализ, финансон операциты сфыст æмæ бахыгъд; финансон ресурсты максималонæй оптималон уаг дарын æмæ нд.
Нодар Чъичъинадзе фæцис Иванэ Джавахишвилийы номыл Тбилисы Паддзахадон Университеты экономикæйы æмæ бизнесы факультет, гъæд – МВА финансты.
Уыдис Тбилисы мэрийы экономикон рæзынады горæты куысты хистæр, телекомпани GDS-ы финансон консультант, «Æвзонг финансистты æмæ бизнесменты ассоциацийы» президент, финансты министры уынаффæгæнджыты советы уæнг.
Æхсæнадон Уацхæссæджы организацион структурæ æххæстæй фенын уæ бон у ацы дæнцыл.