Æхсæнадон Телеуынынады æвджиддар советы раздæры уæнгæн лæвæрд гонорары фарсты фæдыл, аудиты куыст прокуратурæмæ басидтис
Аудиты куыст прокуратурæмæ Æхсæнадон Телеуынынадимæ баст хыгъдлæвæрды хайыл, фæдагуырд райдайыны нысанæй æрсидтис.
Фыццаг Къаналæн аудиты куысты куыд фехъусын кодтой афтæмæй, прокуратурæмæ æрвыст æрцыд аудиты хыгъдлæвæрды уыцы хай, кæцымæ гæсгæ дæр Телеунынад гонорартæ æнæбындуронæй адæтта.
Сæрмагондæй та, аудиты хытдзæгмæ гæсгæйæ, Æхсæнадон Телеуынынады æвджиддар советы скуыддзæгæй, советы раздæры уæнгмæ, кæцыйæн советы йæ æххæстбартæ урæд æрцыдысты, фондз мæйы дæргъы гонорары хуызæй æнæбындурæй лæвæрд æрцыд 12,800 лари.
«Æхсæнадон Телеуынынады æвджиддар советы уæнгтæн фæбæрæг сты æххæстбарты æмгъуыдтæ. Æвджиддар советы раздæры уæнгмæ, кæцыйæн советы йæ æххæстбартæ урæд æрцыдысты, 5 мæйы дæргъы гонорары хуызæй лæвæрд æрцыд 12,800 лари (æфтиагы фидинаг цухæй). 2016 азы Æхсæнадон Телеуынынады æрдгæй, уæлдайæ фыст гонорар дæлбар уыдис бюджетмæ фæстæмæ æрыздæхынæн» – банысангонд у аудиты куысты хыгъдлæвæрды.